Финлядийы Гуырдзыстоны æмбæстæгты нæ бахъæудзæн æнæмæнгхъæугæ карантинмæ ахизын
Финляндийы хицауад ранæуæг кодта уыцы бæстæты номхыгъд, кæцытæй ныццæугæ æмбæстæгтæн карантинма ахизын æнæмæнгхъæугæ нæ уыдзæн. Фæнысангонд номхыгъды 25 бæстæйы æхсæн ис Гуырдзыстон дæр. Информацийы уый фæдыл хъусын кæны Финляндийы æхсæнадон уацхæссæг.
Сæрмагондæй та, Финляндимæ арæнæвæрдтæй уæгъд, сæ бон ныццæуын у Евроцæдисты æмæ Шенгены зонæйы ацы бæстæты æмбæстæгтæн: Ирландийы, Исландийы, Италийы, Мальтæйы, Грецийы, Кипры, Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы, Лихтенштейны, Норвегийы, Германийы, Сан-маринойы, Словакийы, Данийы, Венгрийы æмæ Ватиканы æмбæстæгтæн. Евроцæдисы арæнты æддæйæ, уæлдæрæрнымад бæстæтæй дарддæр, Финляндийы арæнтæ гом сты аст бæстæйæн, кæцыты Евроцæдис бахаста æдас бæстæты номхыгъдмæ.
Ахæм паддзахадтæ сты, Гуырдзыстон, Хуссар Корея, Япони, Руанда, Тайланд, тунис, Уругвай æмæ Ног Зеланди.
Иннæ бæстæтæй Финляндимæ ныццыды рæстæджы, бæлццæтты бахъæудзæн карантинмæ ахизын.