Фæсарæн хъуыддæгты министр схатдзæг кодта  Мюнхены æдасдзинады конференцийыл Гуырдзыстоны делегацийы  куыст
Фæсарæн хъуыддæгты министр схатдзæг кодта Мюнхены æдасдзинады конференцийыл Гуырдзыстоны делегацийы куыст

Мюнхены  æдасдзинады  56-æм конференцийы  фæлгæтты,  Гуырдзыстоны  делегаци активонæй бавдыстæуыд йæхи  æмæ  уый  нымæцы, Гуырдзыстоны  фарста  айзæлыж  конференцийы  бæрзонддæр  трибунæйæ  ахæм бæрзонд æмвæзады  хайадисджыты  æрдгæй, цахæм дæр сты  АИШ-ы   паддзахадон  нымæрдар,  Турчы  фæсарæн хъуыддæгты   уагдоны  къухдариуæггæнæг,  конференцийы  организатор,  кæцы арфæйы ныхсы  Гуырдызстоны кой  ракодта-   уый  фæдыл Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты  министр,  Давит Залкалиани, Мюнхены  конференцийы Гуырдзыстоны  делегацийы хайад райсты  бахыгъды  рæстæджы  райхъусын кодта.

Давит Залкалианийы   дзырдæй,   зæгъгæ Мюнхены  конференцийыл  активон ныхас  цыд   бæстæйы  сæйраг быцæусидтыл,  кæцы  баст у  нæ бæстæйы  территориты  оккупациимæ.

Уый бæрзонд аргъ скодта  Гуырдзыстоны премьер-министры æмæ АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдары   фембæлдæн.

«Иттæг  нысаниуæгджын уыд, цæмæй Мюнхены  конференцийы  фæлгæтты   нын  уыд  нæ сæйраг стратегион   партнеримæ, АИШ-имæ  фембæлд.   Ноджы иу  хатт  бахахх ис, цæмæй  Гуырдзыстон-Америкæйы  стратегион партнерад  у  æнæфæцудгæ.  Ацы периоды  АИШ-æ  сæрмагонд акцент  аразы Афгъанистаны   цæугæ  процесстыл.  Мах уым активон бавдыст стæм  æмæ  уымæн ис бæрзонд  аргълæвæрд  нæ  сæйраг стратегион партнеры  æрдгæй.   Цæй  зæгъын æй хъæуы, фæныхас кодтам  уыцы   фарсхæцыныл,  кæцы нын ис   хъахъхъæнынады æмæ   æдасдзинады   сферæйы , афтæдæр  фидæны  перспективæтыл»-  райхъусын кодта  Давит Залкалиани.

Давит Залкалиани бæрзонд аргъ скодта  конференцийы  фæлгæтты  немыцаг  партнертимæ  фембæлдæн,  уый  нымæцы  Германийы   Бундестагы  вице-президентимæ,   Германийы   Федералон  хицауады   минæваримæ æмæ  Германийы фæсарæн хъуыддæгты  министрады  политикъон  диреткоримæ.

«Фæныхас кодтам   алы  уыцы  быцæусидтыл,  кæцы нæ бæстæйæн  у  актуалон.   Сæрмагонд акценттæ  цæй зæгъын æй  хъæуы   сырæзт оккупацигонд территориты  фарстайыл.   Махæн иттæг нысаниуæгджын у  Германийы  активон хайад  ацы  процессы»- райхъусын кодта  Залкалиани.

Гуырдзыстоны  делегаци  премьер-министры  къухдариуæгæй, хайад иста  Мюнхены  æхсæнадæмон  конференцийы.  14-16 февралы  конференцийы фæлгæтты   фембæлдтæ  арызтой  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты æмæ  хъахъхъæнынады  мнистртæ.

Информацийы хъусын кæны   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.