«Фæдæвзарæг Репортеры» ист фильмы Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады фæдыл, Фыццаг Къанал сом  равдисдзæн
«Фæдæвзарæг Репортеры» ист фильмы Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады фæдыл, Фыццаг Къанал сом равдисдзæн

«Фæдæвзарæг  Репортеры»  æрцæттæгонд фильмы  Хоравайы уынгыл  æрцæугæ   марындзинады тыххæй,   Фыццаг Къанал эфиры  сом ауадздзæн –  уы фæдыл  дзырдæуы  Фыццаг Къаналы тæххæстгæнæг  советы  фидиуæны.

Телеуынынады  æххæстгæнæг советы  ацы темæйы фæдыл  фидиуæны  уын æнæивгæйæ æнхарæм.

«Мæййæ фылдæр урайдыдыта æмæ ацы бонты  дæр  фæстæмæ активон у ныхас  уый фæдыл, цæвиттон  Фыццаг Къаналыл  блокъ æвæрынц   Хоравайы  уынгыл   æрцæугæ  трагедийы тыххæй  Фæдæвзарæг Репортеры  æрцæттæгонд фильмыл.Цæй  зæгъын æй  хъæуы  фильмыл  блокъ сæвæрыныл кæнæ æндæр  ахæм архайдыл  ныхас у æххæст абсурдон, фæлæ   уымæн  цæмæй, трагедийы  уæзæй  æмæ темæйы  деликатондзинадæй рацæугæйæ,   нæхи уромæм дзуапп раттын  алыхуызæн аргументæй  цух  зылынгæнæнтыл, гæнæн ис  искæмæ æцæгдæр афтæ фæкæса,  цæвиттон Фыццаг Къаналыл  блокъ æвæрынц  фильмыл, кæцыйы  мидæг ис ахæм нысаниуæгджын информаци, кæцы  ныры онг  нæ уыд бæрæг  фæдæвзарынæн  æмæ дзыллæйæн. Уый цæмæй,  Фыццаг Къанал  цыма  истæй  бамбæхсын  архайы,   уый гæнæн  бынтон нæй,  кæцыйы  фæфиппайын æнцон у,  уымæн æмæ  растдæр Фыццаг Къанал арвыста фæнысангонд фильмы  Хоравайы уынгыл   æрцæугæ  трагедийы  равзарынæн  арызт  парламенты  рæстæгмæ  камисмæ иу фарстаимæ,  зæгъгæ фильмы  эфиры  ауагъта,  фæдæвзарæн нæ  фæкуылымпы  кæнит?!  Фильм афтæдæр  æрцыд æрвыст   адæмон барты хъахъъæнæгмæ, цалдæр æнæхицауадон организацимæ, телеуынынады  æвджиддар советмæ æмæ ацы  уавæрты,   бæрæг у,  цæмæй  ницы  факт  æрцыдаит æмбæхст. Алцыппæт  уый йас  рухсдзыд у, æмæ  цы фарстатæ дæр ма  хъуамæ  сæвзæриккой, фæлæ   периодонæй  уæддæр айхъуысы  зылынгæнæнтæ,  цæмæй  фильмыл зæгъгæ  блокъ æвæрæм. Бæрæг у, цæмæй  кæмæндæр, рæстдзинад  рабвзарыны нæ  фæлæ ,   сæйраг растдæр  ацы ажиотаж у.   Хъыгагæн,  куыд фæбæрæг афтæмæй,  Заза Саралидзейы  дæр бауырныдта, ома  Фыццаг Къанал  цыдæр бамбæхсын архайы æмæ уый тыххæй  гнæ уадзы  эфиры фильмы.   Нысаниуæгджын у банысан кæнын,  цæмæй  зылынгæнæн, цыма  Телеуынынад фильмыл блокъ æвæры , хъуысы  иу  мæййæ фылдæр.   Фильм нырма цæттæ дæр нæуыд , акцитыл æмæ социалон хызæгты,   хицæн адæймæгтæ   нысангондæй  куы  бæлвырд кодтой  цмæй  фильмы  зæгъгæ   эфир  барæй  нæ дæттынц.  Цæй  зæгъын æй хъæуы, ацы  мæнгдзинад  барæй  хæлиу кодта,  ажиотаж  сцырын кæныны  тыххæй  æмæ  дзыллæйы рæдыды бафтуынæн.   Абон 18  ибны,   ног æмæ цæугæ  хабæртты блокъы  директор, Гиорги Гвимрадзе  фембæлд Хоравайы  уынгыл   мард   Давит Саралидзейы  фыд Заза Саралидзеимæ æмæ йæ  адвокатимæ, Нестан  Лондаридзеимæ.  Ныхас  сырæзт   «Фæдæвзарæг Репортеры»  æрцææттæгонд   фильм  «Туджы тылд  лæппутæ  Хоравайы  уынгæй».  Заза Саралидзе   разагъдта  уырнынад  цæмæй  фильмы эфиры радæттын  арæн кæны  политикъон мотивæй,  кæцы, уæлдæр куыд банысан кодтам,  у  бынтон æнæбындур.  Телеуынынады  æмбæлон  куысты   хъуыдымæ гæсгæйæ,   фильм  кæронмæ не мбæлы  дурналистон   куысты  стандарттæм  æмæ  Уацхæссджыты  уагахасты кодексмæ,  уый тыххæй дæр Фыццаг Къаналы менеджменты  хъуыдымæ гæсгæ,   фильмыл куыст хъуамæ  адарддæр уыдаит.  Фæлæ  абон, Телеуынынады  æмбæлон куыст райста  парламентон камисæй  бæлвырд, цæмæй  ацы  фильмы ауадзын, фæдæвзарæн  нæ фæкуылымпы  кæндзæн.  Раст ахæм позицийыл сты  æндæр организацитæ дæр.   Растдæр ацы  аууæлты  зæрдыл даргæйæ, цæмæй  йæ хъæбулæй   зæрдæрыст  фыдæн ма уа æнкъарæн,  йæ  фырты  марындзинады  фæдыл Æхсæнадон Телеуынынад, исты информацийы æмбæхсы, афтæма, мауал адарддæр уа  æндæр æм æндæргъуызон спекуляцитæй дзыллæйы  рæдыды  æфтыд,  Фыццаг Къаналы  къухдариуæгад  ахицæн кодта,   сом 19 июны, 12:15  сахатыл,  Моамбейы  информацийы  рауагъды  фæстæ,  эфиры  ауадза  ацы  фильм» –  банысангонд у  Фыццаг Къаналы  æххæстгæнæг  советы   фидиуæны.