Евроуынынад 2021-ы уæлахизгонд бæстæ у Итали

Нидерландты Евроуынынады  2021-ы  финалон концертыл  фæбæрæг ис уæлахизгонд. Уæлахизгонд бæстæ у  Итали – къорд  «Måneskin».  Уый тыххæй  Евроуынынады  фидæн конкурсы фысым бæстæ  уыдзæн   Итали.

Фæнысан  кæнын хæъуы уый, æмæ  Гуырдзыстонæй жюрийы  сеппæтæй  бæрзонддæр  12 баллы, растдæр Италимæ æрцыд  лæвæрд.

Фыццаг æмæ  дыккаг  æрдæгфиналон  туртæй  финалмæ  20  бæстæйы минæвар   ахызт – Норвеги, Израиль, Уæрæсе, Азербайджан, Мальтæ, Лиетувæ, Кипр, Швеци, Бельги, Украина, Албани, Серби, Болгари, Молдовæ, Португали, Исланди, Сан-Марино, Швейцари, Греци  æмæ Финлянди.

Евроуынынады  финалы,  20 финалистимæ иумæ, уæлахиздзинадæн тох кодтой «Стыр фондзы»  бæстæтæ – Франц, Стыр Британи, Германи, Итали æмæ  Испани.  Финалон  этапмæ  æрдæгфиналæй цух  ахызтис, афтæдæр конкурсы  фысым  бæстæ Нидерландтæ.

Гуырдзыстоны  минæвар Торникэ Хъипиани  конкурсæй  рацух ис  æрдæгфиналы.  Уый  конкурсы дыккаг æрдæгфиналы, кæсджыты раз рацыд зарæгимæ  «You».

Евроуынынады  концертты  комкоммæ  трансляци кæсджытæн  банхъарыд  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.