Европарламенты æвзæрстытæ  абон  райдайынц
Европарламенты æвзæрстытæ абон райдайынц

Европарламенты   æвзæрстытæ   абон   райдайынц.  Халæппæрст  Евроцæдисы уæнг  28  паддзахады  цыппар бон аххæсдзысты.

Развæлгъау  рафарстытæй  зыны, цæмæй  Евроцæдисы  закъондæттæг  органы евроскептик партитыты нымæц  райрæздзæн.  Фæлæ  иртасæнтæ  амонынц, цæмæй  ультрарахис   партитæ  доминант тыхæй  не суыдзысты.

Рафарстытæй   бæрæг у,  цæмæй «Европæйы  Адæмон Партийы»    политикъон къорд  мандаттæ  фесафдзæн,  аналогион амонд Баййафдзæн  Социал-Демократты дæр.  Прогнозтæм гæсгæ,   Лидерал-Демократтты  альянс  æнтыстмæ æрцæудзæн æмæ  мандатты   нымæц  фæфылдæр кæндзæн.

Куыд æнхъæлынц  афтææй,  «Европæйы  Адæмон Партий»  æмæ Социал-Демократтæ иумæ фылдæры  хай  скæнын  нæ бахъом  уыдзысты  æмæ  сæ бахъæудзæн æртыккаг партийы  æххуыс.

Æвзæрстыты фæстиуджытæ  26 майы,  изæры  фæбæрг уыдзысты.