Дунеон  Банкы   прогнозмæ гæсгæйæ, 2021  азы Гуырдзыстоны экономикæ  цыппар  процентæй  райрæздзæнис
Дунеон Банкы прогнозмæ гæсгæйæ, 2021 азы Гуырдзыстоны экономикæ цыппар процентæй райрæздзæнис

Дунеон  Банкы  публикацигонд  глобалон  экономикон  перспективæты  2021  азы  январы бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,   2020 азы  Гуырдзыстоны  экономикæ  æхсæз процентæй  фæкаддæр уыдзæн  йæ кæронбæттæн  хыгъдлæвæрды.  2021  азæй экономикæйы æндидзын  райдайдзæн  æмæ  афæдзы  кæронмæ рæзынад  аххæссдзæн   цыппар процентмæ. 2022  азы  та  Дунеон Банкы прогнозæй   бæстæйы  экономикæ  райрæздзæнис æхсæз процентæй.

Рауагъдадмæ гæсгæйæ,  COVID-19-ы  панедми  Европæ æмсæ   Централон Азийы   регионы  нысаниуæгджын  кризис расайдта  æмæ  æнæнизхъахъхъæды æмæ экономикæйы æрдгæй,  кæцыйы  ноджы карздæр кæны  социалон æнæрайгонддзинад  æмæ  конфликт.

Пандеми сегасдæр фылдæр  зиан æрхаста  уыцы  паддзахадтæн, кæцытæ  фидар базарадон кæнæ финансон  бастдзинад уыд Еврозонæимæ  æмæ кæцы  нысаниуæгджынæй баст уыдысты  сервистыл æмæ туризмыл.