Цыппурсон арфæйы рæстæджы Элизабет Дыккаг  Брекситыл фæныхас кодта
Цыппурсон арфæйы рæстæджы Элизабет Дыккаг Брекситыл фæныхас кодта

Иугонд Паддзахады  Успаддзах   Цыппурсон  арфæйы  хъусдард раздæхта  гармонийы  æмæ   фидыды   нысаниуæгмæ.  Элизабет Дыккаг  телевизион  баздæхты   рæстæджы  райхъусын кодта, цæмæй  2019   аз   брекситы  тыххæй, Стыр  Британийæн  тынг вазыгджын  уыд.

93  аздзыд   монархы  дзырдæй,  «проблемæтæм æнæкæсгæ, ныфсджынæй   арызт чысыл къахдзæфтæ  зындзинæдтыл фæтыхуын ис  гæнæн». Элизабет  Дыккагы   цыппурсон сидт  Уиндзоры  кæнты   ныффыстой, æмæ уыцы ныффыст  Иугонд Паддзахады  Æхсæнадон Телеуынынад   ахæлиу кодта.

Стыр Британийы  12  декабры  æмгъуыдагъоммæ   æвзæрстытæ  ацыд.   Фæстиуæгæн   Консервативон  Парти   парламентмæ бацыд фылдæры хайæ.   Иугонд Паддзахады  премьер-министр, Борис Джонсон  дзырд ратта, цæмæй   Стыр Британий Евроцæдисæй 2020 азы  31  январы онг хъуамæ фæхицæн уа.