Цы арæнæвæрдтæ  уыдзæн Гуырдзыстоны 28 ноябрæй
Цы арæнæвæрдтæ уыдзæн Гуырдзыстоны 28 ноябрæй

Гуырдзыстоны уæвæг  эпидемиологион  уавæрмæ гæсгæйæ,  премьер-министры  къухдариуæгæй  архайæг  æхсæнуагдонон  координацион совет  ахицæн кодта бæстæйы  архайæг   ранæй-ран арæнæвæрдты  фæкарз æмæ  ауæрæхдæр кæнын.

Æхсæнуагдонон координацион  советы  уынаффæйæ,

28 ноябр -31 январ нымайгæйæ:

Бæстæйы  масштабæй арæнгонд уыдзæн:

  • 21  сахатæй  05:00 сахаты онг,  адæмы змæлд, куыд фистæгæй,  афтæ  транспортон фæрæзтæй, афтæма æхсæнадон тыгъдады  уæвын; уæлвæтк уыдзæн  Ног Азы æхсæв – 31 декабры æхсæв  æмæ  Цыппурсы æхсæв – 6 январы æхсæв;
  • Бæлццæтты регулярон горæтты æхсæн ласын, уый нымæцы  – æфсæнвæндагæй, автобустæй , маршрутон таксийæ. Рог  хæдтулгæтыл (сæ нымæцы такси)  арæнæвæрд  не ххæссы;
  • Ресторантæ  æмæ хæрæндон объекттæ æнæхъæнæй хизынц  продукци  хæдзармæ  рахæссыны сервисмæ. Уæгъд уыдзæн:
  • Продукци рахæссын «takeaway» цы  хонынц уыцы  сервис
  • «Деливери»
  • «Драйв»
  • Фитнес  залты æмæ  бассейнты  куыст;
  • Алыгъуызон конференцийы, трейнингты, культурон,  ивхæрсæн мадзæлттæ  ауадзын –  уæгъд уыдзæн æрмæстдæр онлайн  форматæй.
  • Спортивон, аивадон  æмæ культурон  къордты/студиты  куыст.

Стыр горæтты –  Тбилисы, Батумы, Кутаисы, Руставы, Гуры, Поты, Зугдиды, Телавы –  æмæ  къахдзоныгъон курорттæ – Бакурианы, Гудаурийы, Годердзи æмæ  Местиайы, уæлæмхасæй  уагæвæрд цæуы  ахæм арæнæвæрдтæ:

 

  •  Тбилисы, Телавы, Батумы, Кутаисы, Руставы, Гуры, Поты, Зугдиды  арæнты  муниципалон  транспорты куыст;
  • Базарадон объекттæ (хæлцады, цæрæгойты хæлцады, афтекты, ветафтекты, цардуагон химийы  æмæ  гигиенайы магазинтæ  æмæ  прессæйы будкæтæй цух) кусынц æрмæстдæр дистанцион режимæй;
  • Гом æмæ æхгæд базартæ нæ кусынц.  Кусын дарддæр кæнынц  аграрон базартæ;
  • Скъолатæ, профахуыргæнæндæттæ  æмæ бæрзонд ахуыргæнæндæттæ(медицинон  ахуырадон программæтæй цух)  æххæстæй  хизынц дистанцион режиммæ;
  • Хицæн æмæ  падзахадон  рæвдауæндæттæ  уромынц  сæ куыст.

Къахдзоныгъон курорттыл афтæдæр:

  • Фысымуатты куыст уæгъд уыдзæн æрмæстдæр карантинон  тыгъдадтæ рæвдз кæнынæн;
  • Афтæма урæд цæуы къахдзоныгъон трассæты æмæ къахдзоныгъон  рæтæн-фæндæгты куыст.

24 декабр -2 январы периоды, арæнæвæрдтæ фæрогдæр  уыдзысты:

Бæстæйы масштабæй:

Кусдзысты базарадон центртæ, гом æмæ æхгæд базартæ;

Сног уыдзæн куыд муниципалон, афтæ – горæтты æхсæн транспорты  куыст.

3 январ-15 январы  периоды

Бæстæйы  масштабæй:

  • Снысан уыдзысты  улæфгæ бонтæ;
  • Сног уыдзæн  алы уыцы  арæнæвæрдтæ,  кæцы архайдта  28 ноябрæй  24 декабры онг периоды;
  • Нæ кусынц падзахадон æмæ  хицæн уагдæттæ, банкæй  æмæ стратегион нысаниуæгы объекттæй æмæ  сервистæй уæлдай.

16 январ -31 январ

Бæстæйы масштабæй:

  • Сног уыдзæн  муниципалон  æмæ горæтты æхсæн транспорты  куыст, базарадон  объектты æмæ  гом æмæ æхгæд  базарты  куыст (сабат-хуыцаубонæй йедддæмæ).
  • Сабат-хуыцаубон, транспорт, базарадон  объекттæ æмæ  базартæ  уромынц  кусын.

Æнæхъæн ацы периоды  дæргъы  арæнæвæрдтæ нæ баххæссдзæн:

  • Алы хуызы экономикон  куыстмæ,  уый нымæцы:
  1. Паддзахадон æмæхицæн арæзтадон-цалцæггæнæн куыстмæ;
  2. Банкон æмæ финансон куыстмæ;
  3. Хæлцады, цæрæгойты хæлцады, афтекты, ветафтекты, цардуагон химийы æмæ гигиенæйы  магазинтæ æмæ  прессæйы будкæты куыстмæ;
  4. Деливери æмæ рахæссыны  сервистæм;
  5. Аивгæнæн салонты æмæ эстетикон медицинæйы центрты куыстмæ;
  6. Авто-тех-лæггады мæмæ техникон инспектирдзинады сервистæм;
  7. Цардуагон техникæйы цалцæгон сервистæм;
  8. Аграрон базарты куыстмæ æмæ æндæр.
  • Арæнгонд нæ цæуы  рог хæдтулгæйæ ( уый нымæцы – таксиæ) змæлд.