ЦÆК  фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн хъусын кæны информаци президенты æвзæрстыты дыккаг туры тыххæй
ЦÆК фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн хъусын кæны информаци президенты æвзæрстыты дыккаг туры тыххæй

Централон  æвзарæнон камис  фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  президентон æвзæрстыты дыккаг туры фæдыл информаци хъусын кæны.

ЦÆК-ы  куыд дзурынц афтæмæй,   уый тыххæй  зæгъгæ,  цæмæй  дыккаг туры  фæсарæнты æуæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн сæ бон бауа  халæппæрсты  хайад райсын, хъуамæ уой   консулады хыгъды кæнæ Гуырдзыстоны  закъондæттынадмæ гæсгæ, фæсарæнты  адрисыл регистрацигонд.

«Фæсарæнуæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцыты  фæнды  хайад райсын  Гуырдзыстоны  президенты  æвзæрстыты  дыкккаг  туры æмæ не сты  консулады  хыгъды,  ныридæгæн сæ бон  у   консулады уагдæттæм кæнæ  дипломативон   минæварадтæм  бацæуын, кæнæ та  бахизой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады консулады  департаменты  веб-фарсмæ www.geoconsul.gov.ge æмæ  онлайн режимы  слæууой  консулон хыгъды.

КОнсулон хыгъды  бавдыст æмбæстæгты  номхыгъды  ЦÆК-мæ  бавдисыны  æппыняфæстаг æмгъуыд баст у  æвзæсртыты  дыккаг туры   датæимæ æмæ уыйы  ЦÆК  снысан кæндзæн 28 октябры  æвзæрстыты  фæстиуджыты  бахыгъды бындурыл.

Банысанкæнинаг у, цæмæй   закъондæттынадмæ гæсгæ,  зылды æвзарæнон  камистæ,8ноябры онг  бахыгъд кæндзысты  æвзæрстыты фæстиуджытæ æвзарæнон   зылдты. Уымæ æмбæлгæйæ  ЦÆК  план кæны æххæстбарты фæлгæтты  рабæрæг кæна  æвзæрстыты дыккаг  турмæ хъæугæ процедурæтæ  æмæ æмгъуыдтæ.

Уымæй   дарддæр ма, ЦÆК  фыццаг  туры  кæронбæттæн фæстиуджыты  бахыгъд кæнынæй,   официалонæй,  барамындæй  сбæлвырд кæндзæн Гуырдзыстоны  президенты  æвзæсртыты дыккаг  туры  датæ» – банысангонд у  ЦÆК-ы информацийы.