Шалва Папуашвили – æвзæрстгæнджыты  90 процентæн 2024 азы сæ бон уыдзæн, электронон нымайæгы фæрцы схъæлæс кæнын
Шалва Папуашвили – æвзæрстгæнджыты 90 процентæн 2024 азы сæ бон уыдзæн, электронон нымайæгы фæрцы схъæлæс кæнын

Æвзæрсгæнджыты  90 процентæн сæ бон бауыдзæн 2024  азы, электронон  технологитæй  ацæуæд верификаци  æвзарæнон фадыгыл, афтæма,  схъæлæс кæнæнт  электронон нымайæгæй. Уый у  нысаниуæгджын, уымæн æмæ  кæрон скæндзæн   цыфæнды спекуляцийæн, кæцы радикалон къордтæй   цыдис  æвзæрстыты тыххæй – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  райхъусын кодта.

Папуашвилийы  дзырдæй,  зæгъгæ  электронон  æвзæрстыты  технологиты тыххæй,  цæрджытæн масштабон   кампани  парламентæй  райдайдзæн, уымæн æмæ  фæнысангонд  технологитæ æрфидар кæныны уынаффæ  растдæр   закъондæттæг органы уыд ист.

«Алы темæ, кæцыйы фехъуыстат  æвзæрстыты фæдыл –  æнæтых  бюллетенты нымæцы фæдыл фарстатæ,  протоколты   тыххæй,  параллелон бахыгъды,  нæ зæрдыл лæууынц  уыцы периметитæ æмæ а.д. Уы æппæты тыххæй дзуапп лæвæрд уыдзæн   технологионæй, афтæ  æмæ фарсты нысан нал баззайдзæн.  Уый тыххæй нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстоны  парламент рахаста уынаффæ  æмæ ацы технологи æрфидар уыдзæн,  уымæн æмæ   зыны, цæмæй  ныридæгæн ис фидæны парламенты  æвзæрстытæм  информацион бырсты  архæйдтытæ» –  загхта Шалва Папуашвили.

Уыимæ ма Шалва Папуашвили банысан кодта: «Гуырдзыстоны  фæсарæнты чи сты Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæ,  æвзæрстыты  ныры онг куыд истой хайад,  ныр дæр афтæ райсдзысты, ацы æрдгæй ницы ивы».

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ  дистанционæй  схъæлæс кæныны  фадат æрмæст цалдæр бæстæйы ис æмæ уый  стыр рискы хæссæг технологи у.