Балцы фæдыл журнал «The Culturetrip» кæсджытæн амоны  Тбилисмæ  балц
Балцы фæдыл журнал «The Culturetrip» кæсджытæн амоны Тбилисмæ балц

Балцы фæдыл  журнал   «The Culturetrip» ног коронавирусы  пандемийы  фæуды фæстæ,   кæсджытæн  Тбилис æмæ  Европæйы  фондз  горæтмæ балц  кæнын амоны.

Фæнысангонд журналы  публикацигонд статийы  фæдыл  информацийы, Гуырдзыстоны туризмы  националон   администраци публикаци кæны.

Статийы  сæргондæй – After Coronavirus: The Lesser-Known European Cities To Visit,  журналист  Жозефин   Платт, Готтенбергимæ, Белградимæ, Тиранаимæ, Гданск  æмæ Корбодаимæ  иумæ,  Гуырдзыстоны сæйраг горæты  кой  кæны.

Статий  Тбилисæй  райдыдта.

«Тбилисæн ис  уникалон   географион  æмæ культурон  равæрд. Културæ  ацы горæты  историимæ æмæ   прогрессимæ дзуарæвæрд у.  Тбилис хицæн кæны  советтон,  модернистон  бæстыхæйттæй, аргъуантæй  æмæ астæу æнусты  фидæрттæй. Уый  у  инновацийы  горæт, кæцыйы  иу кæнынц  аивады æмæ  модæйы  сценæтæ.  Уый  та  фæстаг азты   тынг бандæвдта  глобалон модæмæ.  Тбилисæй  бирæ дизайнер  æмæ  æлхæнæг бацымидис кодта», –  банысангонд у   публикацийы.

Статийы  автор  кæсджытæн амоны, Димитри Шеварднадзейы   номыл  националон  галерейы  æмæ  Гуырдзыстоны нывгæнæгон  аивады  музей фенын, афтæма  сондоны  абанæтæм фæуазæг уын,  хæринæгтæй та,  «хачъапурийы»  басгарын  амоны.

Балцы  фæдыл  журнал «The Culturetrip»-æн æрвылмæйонæй  æппæт дунейы   20  милуанæй  филдæр кæсæг ис.