Бахмаройы  фыццат мит æруарыд
Бахмаройы фыццат мит æруарыд

Бахмаройы  фыццат мит æруарыд. Миты  бæрзæнд 30  сантиметрмæ æххæссы. Чохатаурийы   мэры  Ираклий Къучъавайы  информацийæ,  ныр  Бахмаройы  уæвынц  цалдæр  хæдзары бинонтæ, ис дзы  æнахъом сывæллæттæ дæр.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  бынатыл уæвджытæ æххуыскурынц, цæмæй   бафæразой  Бахмаройæ рацæуын.

«Бинонтæ  сæрмагонд тыхтæй  нæ  фæразынц  Бахмаройæ рацæуын.   Фæндæгтыл мит  ис.   Фæцæйласæм муниципалон техникæ. Тагъд  ныссыгъдæг кæндзыстæм  фæндæгтæ æмæ   цалдæр сахатмæ   ацы  адæймæгты  ракæндзыстæм  уырдгæй»  – райхъусын кодта Чохатаурийы  мэр  Ираклий Къучъава.

Бахмаройы  миты къамтæ  социалон хызаджы ахæлиу сты.