Бахмаройы фыццат мит æруарыд
Бахмаройы фыццат мит æруарыд. Миты бæрзæнд 30 сантиметрмæ æххæссы. Чохатаурийы мэры Ираклий Къучъавайы информацийæ, ныр Бахмаройы уæвынц цалдæр хæдзары бинонтæ, ис дзы æнахъом сывæллæттæ дæр. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, бынатыл уæвджытæ æххуыскурынц, цæмæй бафæразой Бахмаройæ рацæуын.
«Бинонтæ сæрмагонд тыхтæй нæ фæразынц Бахмаройæ рацæуын. Фæндæгтыл мит ис. Фæцæйласæм муниципалон техникæ. Тагъд ныссыгъдæг кæндзыстæм фæндæгтæ æмæ цалдæр сахатмæ ацы адæймæгты ракæндзыстæм уырдгæй» – райхъусын кодта Чохатаурийы мэр Ираклий Къучъава.
Бахмаройы миты къамтæ социалон хызаджы ахæлиу сты.