Азербайджаны  сеппæтæй  хуыздæрыл банымадтой  Гигаурийы
Азербайджаны сеппæтæй хуыздæрыл банымадтой Гигаурийы

«Габалайы»   гуырдзиаг æрдæгхъахъхъæнæг  Мераб Гигаури   Азербайджаны  чемпионаты   11-æм туры  сеппæтæй  хуыздæр  футболистыл банымадтой –  уый  фæдыл   информацийы  хъусын кæны  Азербайджаны  профессион  футболы   лигæйы  официалон веб-фарс.

Ацы рæстæджы  Гигаурийы,  йе мбал,  Давид Волковимæ  иумæ, туры  символон   æмбырдгондмæ дæр бахастой. Премьерлигæйы  11-æм туры   «Габала»  иуæй-иу  лидеры,  «Сибаил»-ы  хыгъдæй  3:0  гуырдзиæгты хорз  хъазты  фæрцы  басаста.  Волков  матчы  расгуыхт ис   дублæй, Гигаури та   æндæогътæн  фæзы  центры  иу  уысмæй   сæрибарæй   фердæхты  фадат нæ дæтта.

Азербайджаны   профессион   футболы  лигæйы   официалон сайты  хъусинагæй,  «Инстат спорты»  статистикæйæ,   «Габалайы»   æрдæгхъахъхъæнæг 319  балл æрымбырд кодта, кæцы  туры   сеппæтæй   хуыздæр фæстиуæг у.  Æрмæст дыккаг бынатыл  та ис  Давид Волков – 313  баллæй.