Азербайджайнаг æмæ   сомихагæвзагон  «Моамбе», майы мæййæ  1TV.GE-ы  æмбæлон æвзагы веб-фарсыл
Азербайджайнаг æмæ сомихагæвзагон «Моамбе», майы мæййæ 1TV.GE-ы æмбæлон æвзагы веб-фарсыл

Фыццаг Къаналы проект  «Бирæгъуызон  Гуырдзыстоны»  фæлгæтты  арызт  азербайджайнаг  æмæ   сомихагæвзагон «Моамбейы»  фенын, Фыццаг Къаналы  веб-фарс  1TV.GE-ыл   уыдзæн гæнæн   майы мæййæ.

Рауагъдтæ   æрвылбойнонæй,  20:00  сахатыл райдайдзысты  æмæ сæм  кæсджытæ, веб-фарсы æмбæлон æвзаджы  фарсыл  бакæсдзысты.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, ацы инициативæ  нысаниуæгджын  роль  сæххæст кæндзæн  сомихагæвзагон  æмæ   азербайджайнагæвзагон  цæрджытæн,  уымæн æмæ йæ хъуыдыйы уыдонæн æмбаргæ  æвзæгтыл, бæстæйы æмæ   дунейы цæугæ   процессты  тыххæй  информаци бавдисын» –  дзуры сомихагæвзагон  «Моамбейы»  акæнæг  Нана Акопян.

Азербайджайнагæвзагон  «Моамбейы»  акæнæг  Эмма Байрамова  та дзуры,   цæмæй азербайджайнаг  æмæ   сомихагæвзагон  «Моамбейы»  фæрцы,  этникон къаддæрдæрты  объективон   ног информаци  райсдзысты.

«Ацы ногдзинадæн, ноджы иу, тынг позитивон  миниæг ис –  этникон  къаддæрдæртæм фæзындзæн  æхсызгонд  æнкъарæн,  ома Æхсæнадон Телеуынынад уыдонæй дæр цымидис кæны  æмæ   уыдон дæр ацы  бæстæйы  æхсæнады æххæстаргъджын  хай сты» –  дзуры  азербайджайнагæвзагон «Моамбейы»  акæнæг  Эмма Байрамова.