Аслан Бжаниа – Гуырдзыстонæй Абхазы паддзахад банымайын нæ курæм, фæлæ  тыхæй æнæспайдайы бадзырд нын, диалогы фадат раттит
Аслан Бжаниа – Гуырдзыстонæй Абхазы паддзахад банымайын нæ курæм, фæлæ тыхæй æнæспайдайы бадзырд нын, диалогы фадат раттит

Оккупацигонд Абхазы  де-факто  президент  Аслан Бжаниа  хъусын кæны,  цæмæй  цæттæ у  Гуырдзыстонимæ ахасттытæ фидауын кæнынмæ.  Уый фæдыл Бжаниа 3 июлы  агентад «Интерфаксы» организацигонд  онлайн пресс-конференцийыл   райхъусын кодта.

«Мах, Абхазы æмбæстæгтæ,  интересджын стæм цæмæй Гуырдзыстонимæ нын уа  нормалон ахастытæ.  Проблема махмæ нæй.  Мах нымадмæ исæм гуырдзиаг паддзахад, разы с тæм сæ бартимæ, кæцытæ Гуырдзыстоны  падзахадæй  цæуынц. Фæлæ бынтон  æндæр хъуыддаг у уый, цæмæй  нæ уыдон нымадмæ нæ исынц.  Нæ  зонын, кæдæм нæ бакæндзæн  ахæм политикæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  уый  конструктивон нæу», – райхъусын кодта Бжаниа.

Оккупацигонд Абхазы  де-факто  президент фæныхас кодта  Гуырдзыстоны  сабырадон инициативæйы  фæдыл  «Къахдзæф хузыдæр фидæны æрдæм».  Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  фæнысангонд  документы  преамбулæйы дзырдæуы,  цæмæй  Гуырдзыстоны хицауады  сегасдæр нысаниуæгджын  нысан у  фидыдзинад.

«Уый тынг  дзæбæх у.  Ахæм ахастæй райгонд уыдзыстæм.  Уый тыххæй мæнæн зынæмбарæн у,  цæмæн  нæй  абоны онг  вæрд  бадзырд Абхазы  æрдæм тыхæй æнæспайдайы  фæдыл, кæд фидыдзинад  Гуырдзыстоны хицауад æмæ цæрджытæн  сегасдæр сæйраг хæзна у, уæд», –  банысан кодта  оккупацигонд Абхазы де-факто  президент.

«Гуырдзыстоны хицауадæй  мах нæ курæм, цæмæй банымайой  Абхазы  паддзахад, фæлæ  тыхæй æнæспайдайы  фæдыл бадзырд нын ратдзæн  гуманитарон, экономикон  æмæ цыфæнды æндæр хуызы  диалогы  фадат», – загъта Аслан Бжаниа.

Гуырдзыстонимæ НАТО-йы  активон  æмгуыстады фæдыл  фарсты  дзуаппæн, Аслан Бжаниа  райхъусын кодта, цæмæй  Абхаз  æнгом æмкуыст кæны Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министрадимæ.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ Абхаз  нæ цымидис кæны  конфликт сцырын кæнын, фæлæ цæттæ хъуамæ уа, гæнæн агрессийæн  йæ ныхмæ слæууын.

«Нæ хъус дарæм ацы процесстæм.  Абхазы  хъахъхъæнынады министрад æнгом æмкуыст кæны   æвдæм æфсæддон базæйы сæрдарадимæ, Уæрæсейы Федерацийы  хъахъъхæнынады министрадимæ.  Иумæйаг пъланты  фæлгæтты  уадзæм  ам ахуыртæ.  Интересджын не стæм  конфликт цырын кæнынæй, фæлæ  нæ гарзджын тыхтæ  цæттæ хъуамæ уой  гæнæн агрессийы ныхмæ слæууын.  Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй  Абхазы  цæттæдзинады æмвæз Уæрæсейы гарзджын тыхтимæ иумæ  нын  дæтты фæрæз, сабырæй  кæсæм фидæнмæ.  Мах стæм  сабырдзинады æрдæм, фæлæ  иурæстæгонæй  цæттæ  стæм фæзындты  кæцыфæнды  сценаримæ. Уый тыххæй  дæр махæн иттæг нысаниуæгджын  у, чи хæцы  нæ  фарс, чи у нæ æмцæдисон,  фæлæ нæ ныхмæ  чи у, уыдонæн та  сæ проблемæтæ сæхи бар сты», –  райхъусын кодта Аслан Бжаниа.