Арчил Талакъвадзе – парламент демокративон принциптæ хъахъхъæнгæйæ, бæрзонд æмвæзадыл ауагъдта Сæйраг Тæрхондоны  тæрхонгæнджытæм кандидаттæм  хъусын
Арчил Талакъвадзе – парламент демокративон принциптæ хъахъхъæнгæйæ, бæрзонд æмвæзадыл ауагъдта Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусын

Парламент, демокративон принциптæ хъахъхъæнгæйæ.  Бæрзонд æмвæзадыл   ауагъдта  Сæйраг Тæрхондоны  тæрхонгæнджытæм кандидаттæм  хъусын –   уый  фæдыл   Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар, Арчил Талакъвадзе  райхъусын кодта. Э

Талакъвадзе  куыд  зæгъы  афтæмæй,  зæгъгæ  хъæлæскæнынадæй  фæбæрæг уыдзæн,  цæмæй  цас  адæймаг снысан уыдзæн   Сæйраг тæрхондоны   тæрхонгæнæгæй.

Арчил Талакъвадзейы  дзырдæй,   парламент   сыххæст кодта  йæ   дзырдлæвæрд , ома  зæгъгæ   процесс  уыдаит рухсдзыд  æмæ демокративон.

«Дзыллæйæн  куы  баныфсвæрæм  уæд,   ацы  дзырдлæвæрд   æххæст кæнæм.  Раттам дзырд  цæмæй  уыдаит рухсдзыд æмæ демокративон процесс æмæ  йæ  нæ фæмæнг  кодтам» –  райхъусын кодта  Арчил Талакъвадзе.

Парламенты юридикъон фарстаты   комитеты  рабадтыл,  тæрхонгæнджытæм  кандидаттæм  хъусын  фæцис.   Кæд ацæудзæн   пленарон рабадтыл  кандидаттæн хъæлæскæнынады   процесс,  юридикъон фарстаты комитеты   консультациты  фæстæ  суыдзæн бæрæг.