Амиран Гамхърелидзе – Арæнæвæрдтæ нысаниуæгджынæй  фенцондæр кæныны  рекомендаци раттын нæ бон нæу
Амиран Гамхърелидзе – Арæнæвæрдтæ нысаниуæгджынæй фенцондæр кæныны рекомендаци раттын нæ бон нæу

Низты контролы  националон центры  директор Амиран Гамъхрелидзейы  дзырдæй,  зæгъгæ, коронавирусы  пандемийы  ныхмæ  архайæг   арæнæвæрдтæ  нысаниуæгджынæй   фенцондæр кæнынимæ  разы  нæу.

Гамхърелидзе  куыд  хъусын кæны афтæмæй,   зæгъгæ бæстæйы  стабилизацийы   элементтæ  фæзындис æмæ  фæнысангонд   фæстиуæг  ма хъуамæ  фесафæм.

«Низты контролы националон центры  рекомендацитæ абон   бавдыстам  советæн.  Мах стæм фылдæр ракдикалон позицийы  фарсхæцæг.  Исты  фнсаниуæгджын   фенцондæры  рекомендаци куы дæттæм, уый тыххæй  цæмæй  фæзындис   а.х. стабилизацийы тенденци  бæстæйы,   уæд уый  ма хъуамæ  фесафæм.  Гуырдзыстонæн 2000-3000 цау æрвылбойнонæй,  тынг бирæ у, æнæнизхъахъъхæды  секторыл   стыр  уаргъæвæрд у. Медицинон  персонал  стыр   фæллад.  Æрвылбойнонæй нын  30-40   мæлынады  цаутæ ис.  Уæззау  рынчынты   еымæц  ацы  этапыл у 1 104  æмæ уырдгæй  417  стыр улæфæн аппаратыл иугонд.  Уыппæты  тыххæй   нæ бон нæу  рекомендаци  раттын,  цæмæй  арæнæвæрдтæ нысаниуæгджынæй  фенцондæр кæной» –   загъта Амиран Гамхърелидзе.

Бакой уын кæндзыстæм, хицауады  пъланмæ гæсгæйæ  24 декабрæй  Гуырдзыстоны  ранæй-ран арæнæвæрдтæ  хъуамæ  фенцондæр уа. Сæрмагондæй та, бæстæйы  масштабæй   скусын кæной  базарадон центртæ, гом  æмæ æхгæд базартæ,  сног уыдзæн муниципалон  æмæ  горæтты æхсæн  змæлæг транспорты куыст.