Америкаг  бæлццонон рауагъдад Гуырдзыстоны  бавдыста  2019 азы 20 туристон ардæмадты  нымæцы
Америкаг бæлццонон рауагъдад Гуырдзыстоны бавдыста 2019 азы 20 туристон ардæмадты нымæцы

Популярон америкаг   бæлццонон рауагъдад (Thrillist)  Гуырдзыстоны  бавдыста  2019 азы   20 туристон ардæмадты  нымæцы.   ИНформацийы   хъусын кæны  туризмы националон   администраци.

Фæнысангонд рауагъдадæн  мæйы  мидæг ис  20 милуанæй   фылдæр кæсæг.  Номхыгъды  Гуырдызстонимæ иумæ  сты  Румыни,  Польшæ, Монтенегро, Хуссар Африкæйы   Республикæ, Непал æмæ   æндæр бæстæтæ.  Адон  уыцы  бынæттæ  сты, кæцы рæттæм дæр рауагъдад, балц  кæнын амоны   америкаг туристтæн.

Журналист Бенджамин  Къемпер, Гуырдызстоны æндæр æмæ æндæр   регионы туризмы националон  администрацийы æрхуындæй  абалц  кодта æмæ   кæсджытæн  Гуырдзыстоны   туристон  арæдмадтæ  бацамыдта.

«Ног туристон æнхъарæн,  сегасæй   асджындæр дуне,  уазæгуарзондзинад æмæ  хъармдзинадæй номдзыд, ай  у Гуырдзыстон» – фыссы  Бенджамин  Къемпер.

«Дунейы   атлæсыл  Гуырдзыстон бацагурынæн  уæ бахъæудзæн уæ  иу цæст  бацъынд  кæнын, фæлæ ацы  бæстæйы  чысыл географион  ас уæ  ма фæсайæт, Гуырдзыстоны алцыппæт   у тæфагдарæг, хачъапурийæ райдайгæ, фольклорон  кафтытæ  банымадæй.  Ам фендзыстут  алæмæттаг  Кавказы хæхты рагъ, кæцытæ сæ бæрзæндæй  кæсынц  тæрфытæм.

Гуырдзыстон фæстаг периоды   трансформацитæ  бавзæрста, бæстæйы  басастой  криминал, сарызтой  фæндæгтæ,   ног аэропорттæ, фæсарæнты райдыдта  Гуырдзыстоны популяризаци.

Цы  у  абон Гуырдзыстоны сегасæй  тæссагдæр?  Хæрын,  бæрзондградусджын  ныуæзт, кæцыйы  басгарын уæ  бынæттонтæ  курынц  æлкуыран, кæдæм фæнды  ныцæуай.

Гуырдзыстонмæ уæ бон у ныццæуат балцмæ, ног Транс-кавказаг хæххон  къахвæндаг  уæ  фæхæццæ кæндзæн Европæйы  сеппæтæй  бæрзонддæр бынæттæм.  Уы цы ран   хурыскæсæн  амбæлы  хурныгуылæнимæ уæ  бон у   бирæгъуызон  хæринæгты  ад  басгарат.   Хыссæйæ  конд  тынг  хæрзад  хъæрхуыпп, салаттæ  зайæгойтæй æмæ  æнгузæй  хæринæгтæ.  Кæдæм фæнды дæр ацæуат, Гуырдзыстоны  уыл  алкуыран дæр амбæлдзысты  незаманы  дунейæн ахуыр   уазæгуарзондзинадæй,  алы  фæзилæны  ссардзыстут сæн.  Ай  у  ныуæзт,  кæцыйы дуцын гуырдзиæгтæ райдыдтой  антикон эпохæйæ.

Ма уæ  ферох уæд  Гергеты  Самебамæ  ыссæуын, уый у тад  цырæгътæй  едзаг   кувæндон, кæцыйы 14-æм æнусы,   мигъæй  бæрзонддæр самадтой.  Гергеты Самеба  Европæйы, асæй  5-æм цъитийы  аууоны  лæууы,  уым  цы  ран  хуыцæуттæ  Прометейыл,  арт кæй адвдта  уый тыххæй  хъадамантæ  сæвæрдтой» – фыссы  Бенджамин  Къемпер.