Алы фадыгы бахыгъды фæстиуæгæн ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, æвзæрстыты дыккаг туры лидер кæнынц «Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритартæм кандидаттæ
Алы фадыгы бахыгъды фæстиуæгæн ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, æвзæрстыты дыккаг туры лидер кæнынц «Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритартæм кандидаттæ

ЦÆК-ы  развæлгъау бæрæггæнæнтæй, 17   мажоритарон  æвзарæнон зылды  æвзæрстыты   дыккаг туры, «Гуырдзиаг Бæллиццы»   мажоритартæм кандидаттæ лидер кæнынц.

Уыйимæ иумæ ма, мерийы   уæлрадон  æвзæрстыты  дыккаг тур   ацы  Кутаисы, цы ран  ЦÆК-ы   развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, Иосеб  Хахалеишвилимæ (Гуырдзиаг Бæллицц»  92,02% ис  æмæ Григол  Шушаниайæн (Иууон Националон Змæлд –Тых Иудзинады ис)  7,98%.

Парламентон æвзæрстыты  фыццаг тур  Гуырдзыстоны 31  октябры  ацыд.  Оппозицион пртитæ иууылдæр, 31 октябры парламентон æвзæрстыты   иупроцентон   барьерыл  чи ахызт  æмæ парламентмæ  хауынц,  закъондæттæг  органмæ  бахизыныл   нæзагъд кæнынц.  Парламентон  мандаттæ   райцсын нæ разы кæнынц  аст партийы: «Иууон Националон Змæлд – Тых Иудзинады  ис», «Европаг Гуырдзыстон», «Стратегиа Агъмашенебели», «Лело», «Патриотты  Альянс», «Гирчи», «Æмбæстæгтæ», «Лейбористон Парти». Уыдон  нымадмæ нæ исынц æвзæрстыты  дыккаг тур дæр.  Фæлæ оппозицион партиты   кандидаттæ 21   ноябры æвзæрстытыл, бюллетенты мидæг бавдыст уыдысты, уымæн æмæ  закъонмæ гæсгæйæ,  æвзæрстыты  дыккаг  турæй  кандидатурæй  сисын   гæнæн нæй.