Ахалсопелийы зынгсирвæзты артдзæстмæ  бацæуæн  фæндаг  алыг кæнынæн,  ракодтой хъахъхъæнынады министрады уæззау калмдзалх техникæ
Ахалсопелийы зынгсирвæзты артдзæстмæ бацæуæн фæндаг алыг кæнынæн, ракодтой хъахъхъæнынады министрады уæззау калмдзалх техникæ

Хъуарелы  муниципалитеты  хъæу Ахалсопелийы  хъæды,  хъахъхæнынады  министрады  уæззау  калмдзалх  техникæ  рахызт куыстмæ.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналист  бынатæй  куыд хъусын кæны афтæмæй,  вазыгджын рельефы  тыххæй,   зынгвæдисон  техникæйæн не нтысы  артдзæстмæ  бахæццæ уын,  уый тыххæй дæр  фæндаг алыг кæнынæн  спайда  кæндзысты   хъахъхъæнынады  уагдоны техникæйæ.  Параллелонæй   фæнысангонд техникæйæ спайда кæндзысты  хицæн артдзæстытæ  ахуыссын кæнынæн.

Хъуарелы муниципалитеты  хъæу Ахалсопелийы хъæды  МХ министрады арæйнон  пъæлицæйы  хæрдмæтæхджытæ  зынгсирвæзты ликвидацион куыстытæ абон сæумæрайсомæй  сног кодтой.Арт хуыссын кæныны процессы баст сты  æртæ хæрдмæтæхæг  афтæдæр  70  зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг.

Ахалсопелиы хъæды, арт,  бæлæстæ  æмæ  хус  кæрдæгыл 23  агусты  бафтыд.