АИШ- ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы Гуырдзыстонмæ визит райдыдта
АИШ- ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы Гуырдзыстонмæ визит райдыдта

АИШ- ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы Гуырдзыстонмæ визит райдыдта

Майк Помпеойыл аэропорты Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкъалиани, АИШ-ы Гуырдызстоны минæвар Давид Бакрадзе æмæ Гуырдызстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан фембæлдысты.

Визиты фæлгæтты, сом АИШ-ы паддзахадон нымæрдар фембæлдтæ сыххæст кæндзæн Гуырдзыстоны премьер-минстр Гиоргйи Гахариаимæ, Гуырдызстоны президент Саломе Зурабишвилиимæ æмæ æттаг хъуыдтæгты минитср Даивд Залкъалианиимæ. Майк Помпео визиты фæлгæтты фембæлдзæн Гуырдзыстоны Катаиликос Патриарх Илиа Дыккагыл.

Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фембæлдтыл уыдзæн каст АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады хартийы приоритетон сфератæ æмæ бæстæты æхсæн уæвæг æмкустдзинады фæарфдæры перспективатæ.

Гуырдзийаг фарс ноджы иу хатт адæддзæн АИШ-ы паддзахадон нымæрдарæн информаци Гуырдзыстоны окупацигнод регионты æдасдзинад æмæ гуманитарон цæстæнгасæй уæвæг уæззау ситауцийы фæдыл. Хъусдард сцырын уыдзæн афтæ дæр базарадон–экономикон æмахастытыл æмæ демократион размæцыды процессты дыууæ бæстæйы æмкуыстдзинадыл.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, кæцы Гуырдзыстонмæ Туркæй æрцыд, Гуырдзыстонмæ визит сом фæуыдзæн æмæ Израилмæ афæндараст уыдзæн.