AIR FRANCE Гуырдзыстоны тахтытæ 2019 азы 31 мартæй райдайдзæн
AIR FRANCE Гуырдзыстоны тахтытæ 2019 азы 31 мартæй райдайдзæн

Гуырдзыстоны  аэропортты  иугонды хъусинагæй,   Францы  паддзахадон   авиакомпани  AIR FRANCE Гуырдзыстоны 2019  азы  уалдзæгæй райдайдзæн кусын.  Тахтытæ  31  мартæй  райдайдзысты.

«2 азон  бадзырдты фæстæ экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ  тынгады   министрады   францаг компанийы, «Гуырдзыстоны аэропортты  иугонды» æмæ  TAV Georgia-ы æхсæн æнтыстджынæй  фесты.  Паризы  Шарль Де Голы    номыл аэропортæй  Тбилисы   Шота Руставелийы   номыл аэропорты  æрдæм  тахтытæ   къуырийы мидæг  дыууæ хатт , æртыццæг æмæ   хуыцаубон   Эарбас  А 320  типы хæдтæхæгæй  сæххæст уыдзысты» – хъусын кæнынц  аэропортты  иугонды.

AIR FRANCE дунейы иуæй-иу  сеппæтæй  ставддæр æмæ рагон дæр  авикомпани у, кæцы  1933 азы 7 декабры æрцыд бындурæвæрд æмæ   абоны онг  200-йæ  фылдæр  ардæмадæй  æнтыстджынæй  кусы.  Францы  паддзахадон авиакомпани   глобалон  авикомпаниты альянсы SkyTeam-ы  иуæй-иу  бындурæвæрæг у. 2016 азы  бæрæггæнæнтæй, авиакомпани дунейы  масштабæй 84 мин адæймагæн ратта  куыстбынат.