Æвзарæнон реформæимæ баст къорды фыццаг фембæлд цæуы
Æвзарæнон реформæимæ баст къорды фыццаг фембæлд цæуы

Парти «Æмбæстæгты»   лидер, Алеко Элисашвилийы  дзырдæй,   зæгъгæ æвзарæнон   реформæтимæ баст  кусæг корды  нысан у, бæстæйы  ахæм æвзæрстытæ  ауадзын, кæцыйы адæм баууæнддзæн.

«Ивддзинæдтæ кæсын райдайын хъæуы  фыццаг марты  онг. Уыдоны фæрцы  нын хъуамæ уа æууæнкджын  æвзæрстытæ æмæ уый  уыдзæн  иуæй-иу сегасдæр нысаниуæгджын   æнтыст æмæ  размæ  арызт къахдзæф. Æвзæрстытæ  намысджынæй куы ацæуа,  уый нысан кæндзæн, цæмæй бæстæ   хуыздæр суыдзæн æмæ  хицауад раивын нæ бон уыдзæн   афтæ, цæмæй   дыккаг бон    мауал уа  фæфæлдæхтытæ, революцитæ, уынджы  акцитæ. Ацы  закъонопроект  афтæ куы райсæм меморандумы куыд у,  уый автоматонæй нысан кæны, цæмæй  Тамар Жваниа нал уыдзæн ЦÆК-ы  сæрдар», – банысан кодта  Элисашвили.

Æвзæрстгæнæн реформæимæ баст  кусæн  къорды   фыццаг фембæлд  ацы  минутты  цæуы.

Къорд  æвзарæнон реформæйы æрцæттæйы  нысанæн  кусдзæн. Кусæг къорды  къухдариуæггæнджытæ  сты Шалва Папуашвили æмæ Леван Иоселиани.

Къорды бакуыст  реформæ  æнцойæвæрд у уыцы меомрандумыл, кæцы æвæрд æрцыд  «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ парти «Æмбæстæгты» æхсæн.  Ацы  документмæ гæсгæйæ,   æвзарæнон   реформæ  фундаментонæй  ауадзын хъæуы.  Уый нымæцы  ивд хъуамæ æрцæуа ЦÆК-ы  комплекткæныны  уаг,  ног уагæй  æвзæрст æрцæудзæн  ЦÆК-ы  сæрдар, афтæма хъæдæскæныны системæ уыдзæн  электронон.