Æрфæрсдзысты æви нæ президенты, ныххатыры хъуыддагыл
Æрфæрсдзысты æви нæ президенты, ныххатыры хъуыддагыл

«Æхсæнадæмон æргомдзинад –  Гуырдзыстон»-ы æххæстгæнæг  директор  Эка Гигаури хъуыды кæны, цæмæй  ахæсттæн ныххатыры  фактыл райдайгæ  фæдæвзарæны  фæлгæтты, Гуырдзыстоны президент  хъуамæ  æрфарст æрцæуа,  æндæр цауы та, фæдæвзарæн уыдзæн формалон.

Эка Гигаури  куы загъта  афтæмæй,   ацы  фафонмæ  зæгъгæ, арызт не æрцыд  фидиуæн,  цæмæй  цы принципæй  æрцыд æвзæрст   цалдæр мин адæймагæй  30 гоймаджы  хъуыддаг.

«Ацы бæстæйы  реагирдзинаж хъыгагæн, æрмæст уæд  вæййы, дзыллæйы  стыр протест куы сæвзæры. Мæ хъуыдымæ гæсгæ,    кæд хъуыддаг рæгъмæ  хаст æрцыд,  уæд президенты æрфæрсыр  хъæуы, æндæра  ацы фæдæвзарæнæн уыдзæн  формалон равг. Цыдæриддæр та  коррупцимæ æххæссы, хъыгагæн   ацы  афонмæ æмбарынгæнæн нæ сарызта Гуырдзыстоны президент уыцы  цалдæр мин  куырдиатæй, куыд равзæрста  30-ы онг хъуыддаг.  Æз уыдтæн ныххатыры  камисы  уæнг æмæ зонын,  цæмæй   æнцонæй  никæй  ацух кæндзынæ, чидлæриддæр  хъæугæ критеритæм æмбæлы æмæ   уый тыххæй дæр алкæй  æркæсын хъæуы,  о мæ  уыцы   цалдæр минæй, ацы 30-ы онг куырдиат   куыд равзæрста, гъе  уый  у  иттæг нысаниуæгджын» – райъхусын кодта Эка Гигаури.

Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ  президент Саломэ Зурабишвили  ахæсттæн кæй  ныххатыр кодта  уыцы  фактыл фæдæвзарæнмæ æрывнæлдта.

Гуырдзыстоны президент 28 августы, Майрæм Куадзæны  бæрæгбонмæ, 34  ахæстæн  ныххатыр кодта,  сæ нымæцы  уыдысты   марындзинадæн тæрхонмæ лæвæрд  æртæ  гоймаг æмæ  иу  та агуырды уæвæг.

Афтæма, президенты администраци, президент  тæрхонмæ лæвæрдæн ныххатыры фактыл фæдæвзарын райдаынмæ гæсгæ, генералон  прокуратурæйы  уынаффæйæ   районд у.