Æнæнизхъахъхъæды комитет пандемийы аххосæй сырæзт уавæр фæтк дæттынæн  специалон  мадзæлттæ  2022  фыццаг январмæ адарддæримæ сразы ис
Æнæнизхъахъхъæды комитет пандемийы аххосæй сырæзт уавæр фæтк дæттынæн специалон мадзæлттæ 2022 фыццаг январмæ адарддæримæ сразы ис

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ   социалон  фарстæты  комитет  æркастис  закъонопроект  «Æхсæнадон  æнæниздзинады фæдыл» Гуырдзыстоны закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл,  кæцы æххæссы  закъоны  уыцы нормæты архайыны  æмгъуыды адарддæр кæнын, кæцы   хицауадæн  пандемийы аххосæй  сæвзæргæ уавæры æмбæлонæй архайынæн хъæугæ мæцъистæ дæтты.

«Закъонопроектæн йæ нысан у, 2021 азы фыццаг июлы фæстæ дæр йæ тыхы ныууадза уыцы  уæвæг  барадон механизм,кæцы пандемийы ахæлиуы фæуромын æмæ  процесттæн рæстмæ фæткдæттынæн уыд ист. Растдæр ацы  нысанæй у бавдыст закъонопроект, кæцы пандемийы ныхмæ тох кæнынæн, бæстæйы уæвæг карз проблемæйыл фæтых уыны иуæй-иу  æнæмæнгхъæугæ  фадат у» – райхъусын кодта раныхасгæнæг, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон фарстæты  комитеты  сæрдары фыццаг хæдивæг, Владимер Кахадзе.

Ивддзинæдтæ афтæдæр хаст уыдзысты   «Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады процессон кодексмæ».

Ивддзинæдтæм гæсгæйæ, бæстæйы  æмбæлгæ уагдæттæн 2022  азы  фыццаг январы онг  уыдзæн фадат,  дарддæр кæнын эффективон  тох коронавирусæй (COVID-19-ы) аххосæй  сæвзæргæ   пандемийы  ныхмæ æмæ  та  ауадзой  сырæзт  уавæрæн бахъом уыны æрдæм  алы  хъæугæ  организацион, барадон æмæ æндæр хуызы мадзæлттæ.