Æмбæстæгтæн уыдзæн фадат, вакцинацийы фæндон сфиксир кæнынæн специалон порталыл ацæуой регистраци
Æмбæстæгтæн уыдзæн фадат, вакцинацийы фæндон сфиксир кæнынæн специалон порталыл ацæуой регистраци

Æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы  фидиуæнæй, зæгъгæ абон вакцинацийы советы  иттæг нысаниуæгджын  уынаффæ рахаста, кæцы  баст у  веб-портал сразынимæ.  Уый та министры   ныхæстæм гæсгæ,  ахъаззаг уыдзæн  уый сбæрæг кæнынæн, цæмæй   кæцы  вакцинæйыл   уыдзæн æркуырд Гуырдзыстоны æмбæстæгты æхсæн.

«Ай у  веб-портал, кæцы  публикацигонд уыдзæн   æнæнизхъахъъæды министрады  веб-фарсыл, афтæма  низты контролы  веб-фарсыл, цы ран  æмбæстæгтæн,  нæкæсгæйæ кæцы къордмæ хауынц,   уыдзæн фадат рагагъоммæ ауадзой  сæхи регистрацийы, вакцинацийы фæндон  сфиксир кæнынæн. Уыдзæн сæм фадат  кæцыфæнды вакцинæ  сывзарын, кæцы нæм уыдзæнис  æввахс  фидæны Гуырдзыстоны,  æмæ кæцый стыр бæрцæй  рæувадат у  Дуненйы  масштабæй.  Хъуыды кæнын, цæмæй  нын ацы  иртасæн  баххуыс уыдзæн,  нысаниуæгджын стратегион   уынаффæ рахæссынæн  æмæ уый уыдзæн ахсджиаг инструмент, цæмæй   рахæссæм уынаффæ,  дарддæр кæцы вакцинæ  æрласæм бæстæмæ», –   загъта Тъикъарадзе.