9 апрелы трагедийæ 31 аз рацыд [фото/видео]

9 апрелы  трагедийæ 31  аз рацыд.  1989 азы  9 апрелы, боныцъæхыл,  Советон цæдисы  гарзджын  тыхты  дæлхайадтæ  Тбилисы центры,   парламенты  бæстыхайы   цур, сабырадон   протестон  акци  ныссæстой,  кæцы  амæттагæй фæцис.

Ныссæндыны фæстиуæгæн   21 адæймаг амард,  æрмæст мингай æмбæстаг  та   æнæбæрæг   газæй  фæхъæстæ ис.

Фæстæдæр 1991 азы  9 апрелы  та  Иуыл Бæрзонд  Совет, Гуырдзыстоны  падзахадон  хæдбардзинады  ногæй  рацарæзты фæдыл райхъусын кодта.

9 апрел  Гуырдзыстоны   иуыл ног   историйы  фыст æрцыд  трагедийы  æмæ   иурæстæгонæй   Гуырдзыстоны бархионы  сæндидзыны  бонæй.

31 азы  размæ  фæмардуæвæг  хъайтартæ сты:  Адамиа Аза- 22 аздзыд; Башалеишвили  Эка,-16 аздзыд;  Бежанишвили Эка- 16 аздзыд; Гиоргадзе Нато- 23 аздзыд; Долидзе Тамуна- 28  аздзыд; Энукидзе Тина – 70 аздзыд;  Тоидзе Нино-25 аздзыд; Киквидзе Заира-61 аздзыд;  Лоладзе Манана -33 аздзыд; Мамулишвили  Тамари-50 аздзыд; Метревели  Венера -45 аздзыд,  Нозадзе Мамука – 21 аздзыд;  Самаргулиани  Нана – 41 аздзыд; Квасролиашвили  Шалва – 35 аздзыд, Чъхъониа-Самаргулиани  Марина -31 аздзыд; Чъипашвили  Элисо -25 аздзыд; Чъовелидзе  Тамари -16  аздзыд;  Джангирашвили  Нодари – 40 аздзыд; Джинчъарадзе  Мзиа –  43 аздзыд;  Мелкадзе  Манана -26  аздзыд; Карселадзе  Гиа-25 аздзыд.