Сопо Къиладзе – æнæбæрц азартон хъæзтыты тыххæй сафæм адæмы
Сопо Къиладзе – æнæбæрц азартон хъæзтыты тыххæй сафæм  адæмы

Мах сафæм адæмы  азартон хъæзтыты  тыххæй, уый фæдыл   адæймаджы барты  хъахъхъæды   комитеты  сæрдар  Сопо Къиладзе загъта Самебайы æрыгонон центры, цы ран  кæсынц азартон хъæзтыты  фæдыл  закъонопроект.

Йæ ныхæстæм гæсгææй,  азартон хъæзтыты  амæттаг  адæймагæтыл бæрн æхзимæ хъумæ райса паддзахад.

Парламентмæ ныридæгæн бацыд   закъонопроект азартон хъæзтыты фæдыл, кæцы йæ хъуыдйы дары азартон хъæзтытыл ног регуляциты  скусын кæнын.

Закондæттæг органы  инициргонд  закъонопроектæй, азартон хъæзтытæм бауадзыны бар,  18-ы бæсты, лæвæрд цæудзæн 21 азы  карæй.  Уымæй  уæлдай ма,  регистрацийы  тыххæй, гæнæн ис  æнæмæнгхъæугæ суа, хъæзтыты  объектмæ бацæуын, цы  ран бынатыл  сбæрæг кæндзысты, ис æви нæ  æмбæстагмæ  хъазыны бар.