Урсула фон дер Лейен ныццыд Бакумæ

18:14, 01.07.2026

Бакумæ Еврокомисы президент Урсула фон дер Лейен ныццыд. Гейдар Алиевы номыл æхсæнадæмон аэропорты, кæцы ран Азербайджаны æмæ Евроцæдисы тырысатæ зылдысты, уагъд æрцыд Намысы хъахъхъæнæг.

Аэропорты, Еврокамисы президент Урсула фон дер Лейенæн Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министр Джейхун Байрамов, Европæйы комиссар Марта Кос æмæ æндæр бæрнонтæ сæмбæлдысты.

«Евроцæдис æууæнды Хуссар Кавказы рухс фидæныл: кæрæдзийыл баст, сабырадон æмæ дидинæфтыд. Мах фæнды баххуыс кæнын ацы фидæн саразынæн. Æз дæр ам дæн, цæмæй арфдæр кæнон партнердзинад Евроцæдис æмæ Азербайджаны æхсæн, базарадæй транспортмæ, энергетикæйæ экономикæмæ», – ныффыста Урсула фон дер Лейен социалон медийы.

Хуыздæр