Иугонд националон фæлварæнты, грантон фæлварæнты кæнæ иумæйаг магистратурæйы фæлварæнты чи архайы, уыдонæн сæ бон уыдзæн спайда кæнын сæрмагонд уæлбардзинадæй хæдтулгæ скъæрыны бардæттæг гæххæтт райсынæн
Хъусын уын кæнæм, цæмæй иугонд националон фæлварæнты, грантон фæлварæнты, кæнæ иумæйаг магистратурæйы фæлварæнты хайадисджытæн сæ бон уыдзæн спайда кæной сæрмагонд уæлбардзинадæй хæдтулгæ скъæрыны бардæттæг гæххæттытæ райсынæн, кæцы Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады лæггæдты агентад дæтты.
Уагдоны информацийæ, кæд æмæ скъæрæгы практикон фæлварæны дыккаг этапы датæ иугонд националон фæлварæны, гранты фæлварæны, кæнæ иумæйаг магистратурæйы фæлварæны датæимæ æмбæлы, уæд кандидатæн ис фадат фæлварæны рæстæг аивын.
«Уый тыххæй кандидат хъуамæ арвита фæлварæны пропуск æмæ æвдисæн гæххæтт [email protected]. Лæвæрд информацийыл бындурæвæрдæй, кандидатæн снысан уыдзæн ног фæлварæны рæстæг», -ис фыст Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады лæггæдты агентады расидæны.