Хуссар Кореяйы Пхенчханы Олипион хъæзтытæ дарддæр кæнынц. Абон, 20 февралы райуæрстой майданты 5 комплекты.
Хорзæхтæ райстой уæлахиздзаутæ фигурон бырыны)спортивон кафтытæ» фристайлы (хаф-пайп), шорт-трекы (эстафетæ), биатлоны (æмхæццæ эстафетæ) æмæ къахдзоныгъон дывæрон ерысы ( стыр трамплин æмæ згъорд 10 км).
Боны итогтæм гæсгæйæ, майданты хынцæй лидертæ сты спортсментæ Норвегийæ. Уыдон æрымбырд кодтой 29 майданы: 11 сыгъзæрин, 10 æвзист æмæ 8 бронзæ майданы. Норвегийæгты фæстæ сты немыцаг спортсментæ кæцытæм ацы моментмæ ис 23 майданы. Æртыккаг бынат та Олимпиадæйы лидерты æхсæн ахсы Канадæ 19 майданимæ.
Фигурон бырын. Спортивон кафт
- Тесса Виртью – Скотт Мойр (Канадæ)
- Габриэла Пападакис – Гийом Сизерон (Франц)
- Майя Шибутани – Алекс Шибутани (АИШ)
Фристайл. Сылгоймæгтæ, хаф-пайп
- Кесси Шарп (Канадæ)
- Мари Мартино (Францæ)
- Брита Сигурни (АИШ)
Шорт-трек. Сылгоймæгтæ, 3 000 м, эстафетæ
- Хуссар Корея
- Итали
- Нидерландтæ
Биатлон. Æмхæццæ эстафетæ
- Франц
- Норвеги
- Итали
Къахдзоныгъон дывæрон ерыс. Нæлгоймæгтæ, стыр трамплин æмæ згъорд 10 км
- Иоганнес Ридцек (Германи)
- Фабиан Рисли (Германи)
- Эрик Френцель (Германи)
Олимпиадæйы репортажты фенын уæ бон у ам: Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)