Зылынмæ лæвæрд тренер – гуырдзиаг баскетболы интересты тыххæй фæрæдыдыстæм
«Тæссаг адæймаг нæ дæн, мæ цард цæрæнбонтæ Гуырдзыстоны сæрыл тох кæнын» – ацы фидиуæны сарызта бадзырдон хъæзтытæй цы хонынц уыцы хъуыддаджы зылынмæ лæвæрд баскетболы кълуб «Сохумы» тренер Важа Къварацхелиа, тæрхоны процессы рæстæджы. Уый тæрхондоны раз дзырдæй ралæууды рстæджы хъуыддагимæ баст чидæр Датойы кой ракодта, фæлæ йæ мыггаг не сконкрет кодта. Къварацхелиайы бæлвырдæй, фæнысангонд гоймаг уыд хъуыддаджы арф бацæуæг.
«27-ы Сохум басаст æмæ стæй рацыдтæн уырдгæй. Цыппар госпиталы ракодтой уырдгæй. 30 мин сывæллоны схъомыл кодтон. Уыдонæй æхсæзы раттон националон æмбырдгондæн. Фæрæдыдыстæм гуырдзиаг баскеболы интерестæн. Уывййас уæззау уавæры ис баскетбол финансонæй, æмæ ацы Дато куы фæзынд, кæцы куыд фæбæрæг афтæмæй, ныффидаргонд уыд æмæ мах дæр фæрæдыдыстæм, уойæ, фæлæ тæссаг нæ дæн» – расидтис Важа Къварацхелиа.
Бадзырдон хъæзтыты хъуыддагыл зылынмæ лæвæрдтæн æфхæрды мадзæлтты фарстыл тæрхондон уынаффæ кæны.
Прокуратурæ æфхæрды хуызæй æрдомтта ахсты тæрхоныскуыд рахæссын. Паддзахалдон зылынгæнæг фарс ахсты аргументæй хоны, зылынмæ лæвæрдтæ кæй бамбæхстысты, æвдисæнтæм хъомыс кæй дарттой æмæ ног фыдракæнды сæххæсты тасы.
Иргъæвæг фарс та хъуыды кæы, цæмй прокуратурæйæн, аххосагы сбæлвырды реалон фактытæ нæй. Уый дзуаппæн прокуррор загхта, цæмæй хъуыддаджы ис конкретон видео æмæ аудио ныффыст, кæцытæй бæрæг у, куыд разы кæнынц зылынмæ лæвæрдтæ, матчы конкретон хынцæй фæуды.
Дзырдæуы цалдæр матчы фæдыл тбаскетболы æмæ 36 мин ларийыл, фæлæ арбитр Заза Мачаладзейы адвокаты фидиуæнæй, Мачаладзе йæхи æнаххосыл нымайы. Адвокаты ныхæстæм гæсгæ, йæ дæлæвджыды æрдæм сырæзт провокаци. Адвокат афтæдæр хъуыды кæны, цæмæй арбитр ницы амæлттæй бандæыдтаит матчы кæронбæттæн фæстиуæгыл.
Аххосагыл нæ сæтты нæдæр баскетболы кълуб «Сохумы» тренер æмæ æм-бындурæвæрæг дæр. Адвокат Тамар Абесадзе хъусын кæны, цæмæй ай уыд провоциргонд фыдракæнд, фæлæ кæй æрдгæй, уый – хъуыддаджы æрмæджытимæ деталонæй базонгæйы фæстæ фæбæрæг уыдзæн.
Бадзырдон матчытæй цы хонынц уыцы хъуыддагыл Гуырдзыстоны паддзахадон æдадзсинады куысты антикоррупцион агентады кусджытæ фондз уæнгы 22 декабры æрцахстой.