Зураб Звиадаурийы фæцæф кæныны фактыл фæдагуырд цæуы æнæниздзинад барæй уæззау базиан кæныны статийæ
Олимпион чемпион, Гуырдзыстоны парламенты раздæры уæнгы Зураб Звиадаурийы фæцæф кæныны фактыл фæдагуырд Гуырдзыстоны тугтæрхонон барады кодексы 117-æм статийæ райдыдта, кæцы нысан кæны æнæниздзинад барæй уæззау базиан кæнын.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодтой мидхъуыддæгты министрады.
Ацы этапыл уæвæг информацийæ, Звиадаурийы Ахметайы быцæудзырды рæстæджы фæцæф кодтой. Уымæн цæф у йæ риугуыдыр. Хæстæджыты ныхæстæм гæсгæ, фынгыл уæвæг нозтджынты æхсæн быцæудзырд хылмæ айрæзт.
Звиадаурийы фæхæццæ кодтой Ахметайы районон рынчындонмæ. Хæстæджыты информацийæ, зæгъгæ йæ хъæдгæмттæ цардæн тæссаг не сты.