Зураб Чъиаберашвили  нæ цух кæны, «Националон Змæлды» сæрдары æвзæрстыты райса хайад
Зураб Чъиаберашвили нæ цух кæны, «Националон Змæлды» сæрдары æвзæрстыты райса хайад

 

«Националон Змæлды»  разæдры уæнг  Зураб Чъиаберашвили  нæ цух, ома «Националон Змæлды»  сæрдары æвзæрстыты  райса  хайад.

Чъиаберашвили  социалон хызаджы фыссы, цæмæй  æвзæрстыты  йæ  гæнæн  хайадыл  хъуыды   цалдæр фарстаимæ у баст, сæ нымæцы, уый, цæмæй  куыд   адарддæр кæна архайын «Националон Змæлд»  организацигондæй  Саакашвилийы, Ника Гварамиайы æмæ æндæр  уæнгты ссæрибар кæнынæн  æмæ  куыд феста «Националон Змæлд»  сабырадон, уæрæх   протестон  змæлды  æнцойæ.

Зураб Чъиаберашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   йæ  æппынфæстаг уынаффæ баст уыдзæн   ууыл дæр,  ома «цас  ис ресурс, цæмæй æвзарæнон процесс ацæуа, «цъфы калыны» нæ фæлæ    политикон дискуссийы режимы».

«Националон Змæлды лидер хъуамæ уа адæймаг, кæцы   партийæн  сабыр, æнæтыхгæнæг, уæрæх протестон   змæлды æлхынцъаг  акторæй  фестын кæндзæн. Фидæн  тохы – æвзарæнон   асыккы  цур æви  уынджы – нысаниуæгджын уыдзæн «Националон Змæлды» партион  ресурсы организацидзинад  æмæ   дисциплинæ, фæлæ нысаниуæгджын уыдзæн уæрæх адæмон фарсхæцын, кæцы «Националон Змæлды» фидæн лидеры  уæрæх   цæдистæ  хъуамæ срæвдз кæна бæстæйы мидæг æмæ æддæйæ  дæр», –  фыссы  Зураб Чъиаберашвили.