Зураб Азарашвили хъусын кæны, цæмæй  бæстæйы  сабыр эпидуавæр ис  æмæ  тобæтæ æрбайсынæн ницы бындур ис
Зураб Азарашвили хъусын кæны, цæмæй бæстæйы сабыр эпидуавæр ис æмæ тобæтæ æрбайсынæн ницы бындур ис

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Зураб Азарашвилийы фидиуæнæй, бæстæйы  эпидемиологион æрдгæй  уавæр сабыр у  æмæ  паникæйы   бындур нæй.

Министры ныхæстæм гæсгæ инфицирады  цауты  виппайды  рæзт  нæ фиксир кæны  æмæ  эпидуавæр  контролгонд у.

Зураб Азарашвилийы  дзырдæй,   зæгъгæ  уæвæг  эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ, абон   исты  тобæ æрбайсыны  бындур нæй.

«Эпидуавæры тыххæй куы зæгъæм, тынг сабыр уавæр нæм ис,  ис дзы  инфицирады цаутæ фæлæ  контролгонд сты, минималон  у сæ нымæц.  Цалдæр бæстæйы  ис  абаргæйæ  фылдæр, фæлæ  махмæ  рæзт нæ фиксир кæны.  Абсолютон  нымæц  куы сбарæм,   дæнцæн иу къуырийы размæ  астæуккаг æрвылбойнон  цаутынымæц нын  кæд 100-ы бæрц  уыдис,  уæд абон сты  500. Уый у  æмтгæй райсгæйæ   æртæ милуан 700 000 цæрæгджын бæстæйы.

Инфицирады  цауты тыххæй куы зæгъæм,  уæд мæ фæнды  цæрджыты басабыр кæнын, ома стрессы бындур нæй. Уыдонæн та  кæйдæриддæр  хъæуы  госпиталы хоскæнын,  цæттæ  стæм схос сын кæнæм госпиталы.   Конкретон медикамент кæй  бахъæудзæн, кæцы  у  ковиды хос, æмæ кæцыйы  цалдæр мæйы  размæ «Пфайзер» рауагъдта, «Пасловид»  уый æрластам æмæ нын бынатыл ис.  Уыдыстæм цалдæр бæстæйы нымæцы,    кæцытæ  фыццæгтæ  райстам   ацы  медикамент.  Клиникон   миниуджытæм,  куыд уæззау  у æмæ цас хайы рискъы  зонæм,  уымæ гæсгæйæ  нæ бон у  ацы   мадикамент банхъарын.  Афтæма, кæй фæнды вакцинаци,  уыдонæн дæр æнхъарæм  æндæр æмæ æндæр типы  вакцинæтæ.  Ноджы иу  хатт сидын æмбæстæгтæм,  цæмæй кæд æмæ   фæхатыдысты  тæвд æмæ æндæр ницы  симптомтæ сæм ис,  уæд ницы тæссаг  у, паникæйæн ма бакомæт  æмæ сабырæй  схос кæнæт.  Исты тобæйы,  æрыхгæды  кæнæ æндæр   арæнæвæрдтæ æрбайсынæн ницы  бындур абон нæй æмæ  уырнæг дæн, нæдæр æввахс фидæны уыдзæн», –  загъта æнæнизхъахъхъæды министр.

Фарстыл, зæгъгæ ис æви нæ гæнæн   маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ  бауа,    Азарашвили дзуапп дæтты, цæмæй   уæвæг  бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,   уый æнæмæнгхъæуындзинад нæдæр абон ис æмæ нæдæр  æввахс фидæны уыдзæн.