Зураб Абашидзе -  Заза Гахеладзейы  ссæрибар кæнынæн , цы мæцъистæ нæм ис  уыдонæй  алцыппæтæй  спайда кæндзыстæм
Зураб Абашидзе - Заза Гахеладзейы ссæрибар кæнынæн , цы мæцъистæ нæм ис уыдонæй алцыппæтæй спайда кæндзыстæм

Максималонæй  архайдзыстæм, Заза Гахеладзейы  ссæрибаркæнынæн  нæм  цы мæцъистæ ис  алцыппæтæй  спайда кæнын –  фехъусын кодта  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  Уæрæсеимæ ахастыты  фарстæты   Гуырдзыстоны премьер-министры  специалон минæвар  Зураб Абашидзе,  оккупацигонд Цхинвалы æнæзакъононæй  ахст  Заза Гахеладзейы  фарстæйы фæдыл комментарийы  рæстæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  фыццаджы дæр уый Женевæйы  форматы  хъуамæ  аскуыддзаг уа.

«А.Х. Прагæйы  диалогы  дыууæфарсон  формат  фылдæр  базарадон-экономикон  фарстæты æркæсынæн у  арызт.  Фæлæ  ахæм цаутæ куы æрцæуынц, æз фыццаджы дæр  кæддæриддæр иу пайда кæнын  ацы фадатæй, цæмй аналогион  фарстæтæ бавдисон.  Хъыгагæн  уый фæлтæрддзинад нын ис,  цæмæ куыд  архайын хæъуы  ахæм  фауты æмæ  ныр дæр  максималонæй архайдзыстæм, Заза Гахеладзейы  ссæрибаркæнынæн  нæм  цы мæцъистæ ис  алцыппæтæй  спайда кæнын. Карасинимæ фембæлд нырма  плангонд нæу. Фæстаг фембæлдыл мах   загътам, цæмæй   цæугæ азы  фыццаг кварталы  фембæл ауагъдтаиккам,  фæлæ нырма  бæлвырд нæу  ацы фембæлды датæ.  Уыдзæн нын телефонæй  коммуникаци æмæ æркæсдзыстæм ацы  фарст, ныры онг ууыл ныхас нын нæ уыд» –  райхъусын кодта Зураб Абашидзе.

Оккупацигонд Цхинвалы а.х.  тæрхондон, Заза Гахеладзейæн, 12  аз æмæ æхсæз мæййæ  æнæзакъонон  ахст стæрхон кодта.