Зураб Абашидзе – ныфс мæ ис, Уæрæсейы визон центры байгомæй, визон æмæ консулон лæккады гъæд фæхуыздæр уыдзæн
Зураб Абашидзе – ныфс мæ ис,  Уæрæсейы  визон центры  байгомæй,  визон æмæ консулон  лæккады гъæд фæхуыздæр уыдзæн

Уæрæсеимæ ахастыты фарстаты  премьер-министры специалон  минæвар  Зураб Абашидзе  ныфс æвæры,  ома  Уæрæсейы   визон центры  баконд,  визон æмæ   консулон  лæккады  гъæд сбæрзонддæр кæндзæн.  Уый фæдыл  Абашидзе фехъусын кодта  Фыццаг Къаналæн.

«Алы детал  нæ  зонын уый тыххæй.  Фæлæ  мæ  бон у зæгъон уын,  цæмæй  зындзинæдтæ  уыдис.  Мæ  хъуыдыйы  дарын  Швейцарийы  минæварады архайæг  Уæрæсейы  интересты секци,  цы ран  нæхи æмæ æндæр бæстæты  æмбæстæгтæ  консулон лæккадæй  пайда кодтой.  Ацы ног  визон   центр,  ныфс мæ ис  баахъаз кæндзæн  ацы проблемæйы  аскуыддзаг  æмæ æмбæстæгтæн  визон, консулон  лæккады гъæд сбæрзонддæр кæндзæн», –  банысан кодта  Абашидзе.

Тбилисы  Уæрæсейы  визон центр  байгом уыдзæн.   Центр  Бесикийы  уынгыл  №4  уæвæг  бизнес-центры  бакæндзысты.