Зугдиды ссардтой ноггуырд сывæллоны
Зугдиды ссардтой   ноггуырд сывæллоны

Зугдиды, Чъавчъавадзейы уынгыл   ссардтой   ноггуырд сывæллоны.  Фыццаг Къаналы журналисты  хъусинагæй,  сывæллон  полиэтиллены  тыхтæй  ссардтой Пипиаты бинонтæ.

Ноггуырды  æнæаргъæвгæ  медицинон æххуысы бригадæ  Зугдиды  рефералон рынчындонмæ фæхæццæ кодта.  Дохтырты информацийæ,   сывæллоны æнæниздзинады уавæр у стабилонæй уæззау.

«Сывæллоны куы æрбаластой  уæд йын улæфын зын кодта,  сырæзт йын æмбæлон   мадзæлттæ.  Ацы рæстæгмæ  ноггуырды уавæр у стабилонæй уæззау» – хъусын кæнынц дохтыртæ.

МХМ-ы информацийæ,  æрцæуæгйыл фæдагуырд   цæуы тугтæрхоны барады кодексы  127-æм статийæ,  кæцы йæ хъуыдыйы дары цардæн тæссаг  уавæрты баппарын,  кæцыдæриддæр  адæймаг йæхи иргъвынхъом нæу.