Зугдиды, Чъавчъавадзейы уынгыл ссардтой ноггуырд сывæллоны. Фыццаг Къаналы журналисты хъусинагæй, сывæллон полиэтиллены тыхтæй ссардтой Пипиаты бинонтæ.
Ноггуырды æнæаргъæвгæ медицинон æххуысы бригадæ Зугдиды рефералон рынчындонмæ фæхæццæ кодта. Дохтырты информацийæ, сывæллоны æнæниздзинады уавæр у стабилонæй уæззау.
«Сывæллоны куы æрбаластой уæд йын улæфын зын кодта, сырæзт йын æмбæлон мадзæлттæ. Ацы рæстæгмæ ноггуырды уавæр у стабилонæй уæззау» – хъусын кæнынц дохтыртæ.
МХМ-ы информацийæ, æрцæуæгйыл фæдагуырд цæуы тугтæрхоны барады кодексы 127-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары цардæн тæссаг уавæрты баппарын, кæцыдæриддæр адæймаг йæхи иргъвынхъом нæу.