Зугдиды «Гуырдзыстоны Банкы» филиалæй, барадхъахъхъæнджытæ уацайрæгты хай ссæрибар кодтой [видео]
Зугдиды, «Гуырдзыстоны Банкы» филиалæй уацайрæгты хай ссæрибар сты.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй, фондзы онг уацайрагы бæстыхайæ æргъæвæн кранæй ракодтой. Уыдоны барадхъахъъæнджытæ рафарстмæ аластой.
Зугдиды центры, Гамсахурдиайы уынгыл уæвæг «Гуырдзыстоны Банк»-мæ гарзджын балæбурдта æмæ уацар фæкодта уым уæвæг адæмы.Уæвæг информацийæ, фыдгæнæгмæ ис автоматон æхсæнгарз æмæ гранатæ. Уацайрæгты æхсæн сты куыд банкы кусджытæ афтæ хуымæтæг æмбæстæгтæ. Ацы рæстæгмæ нæу бæрæг, цæмæй цы домы уый. Бынатыл мобилизацигонд у Зугдиды пъæлицæйы специалон нысаниуæгы бал.