Знон Гуырдзыстоны хæрдмæтæхæджы аварийы фæстиуæгæн рог зиæнттæ райста бритайнаг фыссæг (видео)

Знон Гуырдзыстоны хæрдмæтæхæджы   аварийы фæстиуæгæн рог  зиæнттæ райста бритайнаг фыссæг.  Уый фæдыл  информацийы хъусын кæны  Daily Mail.

59 аздзыд  Тим Спектор  æмæ йæ   57 аздзыд  бинонйга  Вероника иуæй-иу  цъитийы æрдæм фæцæйтахтысты къахдзоныгътæй бырынæн, кæцы рæстæджы дæр  хæрдмæтæхæгæн фæбæрæг сты техникон проблемæтæ.  Уый фæстиуæгæн, тæхæн аппарат  æрбадыны рæстæджы сфæлдæхт  æмæ йын арт фæзынд.  Къай  инцидентæй  аирвæзт.  Уыдонимæ иумæ  уыдис  ноджы дыууæ бæлццон,  гид  æмæ  пилот. Уыдоны хохæй  æрластой  хицæн компанийы  минæвæрттæ.

Бритайнаг  фыссæг  куыд дзуры афтæмæй, æрадыны рæстæджы хæрдмæтæхæг   сфæлдæхтис æмæ   бæлцæтты ракæнынæн  бахъуыд цалдæр  минут.  Фæстæдæр  хæрдмæтæхæгыл бафтыд арт. Бæлццæттæ  зæгъæн ис 45 минуты бæрц фистæгæй  фæцыдысты, цæй фæстæ телефонæй фæдзырдтой  компанимæ  æмæ сæ раласынæн  арвыстой  æндæр хæрдмæтæхæг.

Тим Спектор куыд фысы афтæмæй,  æрцæугæ уыдис  фильмы сценарийы  хуызæн.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,  нæдæр уый æмæ нæдæр  æндæр  бæлццæттæ серьозонæй нæ базиан сты.

Ахæлиугонд  хъусинагæй,   бритайнаг  туристтæ  хæрдмæтæхæг компанийæ  баххуырстой  300  евройы аргъæй. Бритайнаг рауагъдад  куыд  фыссы афтæмæй,   Тим Спектор  Гуырдзыстонмæ æрцыд, ног чиныгыл кусынмæ.

 

 

Степанцъминдайы  районы   хæрдмæтæхæджы  аварийы  фæдыл  информаци знон  ахæлиу ис.  Экономикæйы  æмæ æнæцудгæ тынгады  министрады информацийæ, авиакомпани  «Авиасервисы»  хæрдмæтæхæг  AS  350,  кæцы æххæст кодта  тахтытæ  Степанцъминдайы  районы   Армтхойы  коммæ,  2700  метры бæрзæндыл,  æрбадыны рæстæджы æнæбæрæг  аххосæй  базиан ис.