Змæлд «Адæмы Тых»-мæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» ноджы фондз депутат баиу ис : Эка Сепашвили, Виктор Джапаридзе, Давит Къачъарава, Дачи Бераиа æмæ Заал Микеладзе.
Уый фæдыл абоны брифингыл змæлды уæнг Созар Субари райхъусын кодта.
«Уæрæх кæны змæлды парламентон сконд. Сæрмгаондæй та, нæ парламентон балмæ æрбаиу сты фондз парламентары – Эка Сепашвили, Виктор Джапаридзе, Давит Къачъарава, Дачи Бераиа æмæ Заал Микеладзе. Æмтгæй райсгæйæ нæ бал Гуырдзыстоны парламенты уыдзæн фараст депутатæй. Кæцы уый нысан кæны, цæмæй закъондæттæг оргæны нын уыдзæн нымæцæй æртыккаг политикон бал» – райхъусын кодта Субари.
Афтæма йæ дзырдæй, Змæлд «Адæмы Тых»-мæ баиу сты æхсæнадæн дзæбæх зонгæ эксперттæ, Тамта Мегрелишвили, Зураб Кадагидзе, Давит Картвелишвили, Тамар Чибурданидзе, Нуки Шошиашвили, Отар Чъулухадзе, Ника Кобуладзе æмæ Иоанэ Шаишмелашвили.
Æппынфæстаг мæ фæнды æхсæнадæн фехъусын кæнын, ногдзинады тыххæй, кæцыйыл дзырдæппарæн кодтам ивгъуыд къуыриты дæргъы. НЕ змæлды уæнг Виктор Джапаридзе балхæдта «Пост TV»-ы хайы 51%. Ацы аууæл нын нæ къух сараздзæн информаци æхсæнады онг уæрæхæй дæр фæхæццæ кæнæм.
Абоны иттæг вазыгнджын уавæры Гуырдзыстоны æнтыстытæй сифтонг кæныны æмæ нæ бæстæ тасæй аиуварс кæныны иунæг фæндагæй нымайæм æхсæнадæн рæстдзинад радзурын. Уырны нæ, цæмæй рæстдзинадæй ифтонгггонд Адæмы тыхæн бæстæйы интерестæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы ницыуал фæкуылымпы кæндзæн» – загъта Субари чи у уый.