Журналистты ныхмæ тыхмийы хъуыддагыл тæрхондоны Гуырдзыстоны фыццаг къаналы оператор Илиа Твалиашвилийы рафарстой

Журналистты ныхмæ тыхмийы хъуыддагыл тæрхондоны Гуырдзыстоны фыццаг къаналы оператор Илиа Твалиашвилийы рафарстой

Тбилисы горæттон тæрхондоны цæуы 5-6-æм июлы Гуырдзыстоны фыццаг къаналы оператор Илиа Твалиашвили æмæ æндæр  медиафæрæзты бæрнонты ныхмæ æххæстгонд физикон тыхми æмæ профессион куысты рæстæджы æнæзаконон тыхы спайдайы факты фæдыл уæнгты хъуыддагы бакаст.

Абоны рабадтыл хъуыддагы зианбаййафгæ Илиа Твалиашвили рафарстой, кæцы 5-æм июлы цауты фæдыл фæныхас кодта æмæ тæрхондонæн тыхмийы фæдыл деталон информаци базонгæ кодта.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, куысты рæстæджы, Кашветы аргъуаны территорийыл йæ ныхмæ уыд пайдагонд тыхми.