Жозеп Борел- Уæрæсе никæд бафæрæзта нацийæ фестын, уый кæддæриддæр уыдис æмæ ныр дæр у импери
Уæрæсейæн никуы бантыстис нацийæ фестын, уый кæддæриддæр уыдис æмæ ныр дæр у импери – ацы фидиуæн Евроцæдисы æддагон политикон уагдоны къухдариуæггæнæг, Жозеп Борел бритайнаг «Гардианимæ» ныхасы рæстæджы сарызта. Борел куыд хъусын кæны афтæмæй, Уæрæсе нæ хъавы Украинайы фæгæдзæ кæнын нæ хъавы æмæ хæцын план кæны уæлахиздзинады онг.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Украинайы хæсты рæстæджы уæлдай æвæрд у Евроцæдисы уæвын.
«Гæнæн ис, ныр уыцы момент у, куыд хъуамæ ауынæм стыр бæстæтæй цæугæ азар, кæцы нæ демократимæ æртхъирæн кæны, æртхъирæн кæны æнæрмæст Украинамæ фæлæ ма Европæмæ. Кæд тагъд нæ фæивдзыстæм къурс, кæд ресурсты мобилизаци не скæндзыстæм, ма раттæм Путинæн уæлахиздзинады бар, афтæма нæ фæуромдзыстæм трагеди Газæйы, уæд нæ проект бирæ фылдæр зиан бавзардзæн» – райхъусын кодта Борел.
Борелы хъуыдымæ гсгæ, Уæрæсе райгондæй нæ баззайдзæн Украинайы хайы бацахсынæй æмæ нæ бауадздзæн, цæмæй Украинайы иннæ хай Евроцæдисы уæнг суа. Евроцæдисы æддагон политикон уагдоны къухдариуæггæнæг сиды Европаг лидертæм, дæргъвæтин хæстмæ цæттæ кæной сæхи.
«Уæрæсе нæ бафæрæзта нацийæ фестын. Уый кæддæриддæр уыдис импери нырма йæ паддзахы рæстæджы, стæй советон хицаудзинады æмæ ерын та Путины уавæрты дæр. Уый у Уæрæсейы иудадзыг уавæр æмæ йæ политикон идентондзинад. Куыд фæстиуæг та, Уæрæсе тæссаг у йæ сыхæгтæн сæрмагондæй та махæн» – банысан кодта Борел.