Жозеп Борел  сконкрет кодта цавæр  æфсæддон æххуыс  фæхæццæ уыдзæн Украинамæ  Евроцæдисæй
Жозеп Борел сконкрет кодта цавæр æфсæддон æххуыс фæхæццæ уыдзæн Украинамæ Евроцæдисæй

Евроцдæисы  хъахъхъæнынады министрты  фембæлдыл  хъавæм,  фæныхас кæнæм хъахъхъæнынады    министртимæ Украинайы  уæвæг æфсæддон уавæрыл, цææмй   куыд цæуы хæст Украинайы, – уый фæдыл  æддагон политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы  бæрзонддæр комиссар  Жозеп Борел  Евроцæдисы хъахъхъæнынады  министрты  æнæформалон  видеоконференцийы  размæ райхъусын кодта.

«Уый   нысан у дунейы  координацидзинад, цæмæй  цы аразынц  уæнг бæстæтæ се рдгæй, куыд  архайæм ацы  æрдæг миллиард евройæ,  кæцыйы  мах знон  аскуыддзаг кодтам Украинайы  гарзджын тыхтæн раттын.  Зонут, цæмæй  ацы æрдæг миллиард евро  бахардз уыдзæн  хихъахъхъæнæн  хотыхтыл,  ставдкалибры хæцæнгразыл,  танкыныхмæ, алыгъуызон   æндæр  ифтонггæрзтыл  цæмæй  агресси   фæуромой.  Уæнг бæстæтæ  хъуамæ  сифтонг кæной  ацы  хæцæнгарз æмæ  хъуамæ  координаци скæной цæмæй  цы сараздзысты, цæй саразын у ноджы  нæ бон   ацы ресуртæй, азхæм тасы ныхмæ хæцынæн.  Киев, Харьков, Мариуполь,  йæ ныхмæ лæууынц Уæрæсейæн, кæцы  стыр амæттагæй фиды   бæрзонд аргъ, фæлæ мах хъуамæ   бадæттæм украинæгтæн хæцæн  æрмæджтæ,  ставд калибры  хæцæнгарз æмæ танкыныхмæ  гæрзтæ. Афтæдæр ма сæ  хъæуы  артаг  танкытæн,  хæдтæхджытæн, æмæ уый  æппæт координацигонд хъуамæ уа», –   банысан кодта Борел.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  хъахъхъæнынады министрты  ацы фембæлд уыдзæн тынг вазыгджын,  фæлæ Борел дзуры, цæмæй алчи сты  æмуд.

«Знон алчи сразы ис. Афтæмæй  Иугонд Европæ  у тынг фидар, Украинæгты хъæддых  ныхмæлæуд  куыд  у  афтæ», – райхъусын кодта Жозеп Борел.