Жозеп Борел – хъуамæ  ногæй æркæсæм, куыд бакусæм  хурыскæсæн партнертимæ, регионон ахаст  зæрдыл бадарын хъæуы
Жозеп Борел – хъуамæ ногæй æркæсæм, куыд бакусæм хурыскæсæн партнертимæ, регионон ахаст зæрдыл бадарын хъæуы

Æддагон политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы  бæрзонддæр   минæвар Жозеп Борелы  фидиуæнæй, зæгъгæ ногæй æркæсын хъæуы  куыд бакусой  хурыскæсæн партнерады бæстæтимæ.

Фæнысангонды фæдыл Борел Брюсселы  хурыскæсæн партнерады уæнг  паддзахадты министериалы æмæ  Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министрты  советы  рабадты размæ райхъусын кодта.

«Хъуамæ  ногæй  æркæсæм,  куыд ис гæнæн бакусын хурыскæсæн партнертимæ, уымæн æмæ  æртæ бæстæ ссис кандидат. Иу у тынг дард Евроцæдисæй, Белорусы кой кæнын.  Æмтгæй   зæгъгæйæ,   адон сты тынг хъауджы бæстæтæ. Регионон  ахаст рагхыгъд кæнын хъæуы, фæлæ уый  бонæй-бон зындæр кæны. Уый у  хурыскæсæн партнерады бæстæты  фыццаг министериал, Украинайы  хæст куы райдыдта, уый фæстæ.  Уый тыххæй дæр бæрæг у, ацы фарстайыл  бирæ фæныхас кæндзыстæм», – райхъусын кодта Жозеп Борел.

Брюсселы «Хурыскæсæн партнерады» министериалы ацæудзæн, кæцыйы хайад райсдзæн  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр дæр.