Жозеп Борел – Европаг Совет Гуырдзыстон рухс Европаг перспективæ сбæлвырд кодта
Æддæ хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы 7-æм рабадт ауадзыны фæдыл социалон хызаг «Твиттеры» ныффыста.
Борел фыссы, цæмæй Европаг Совет Гуырдзыстоны рухс европаг перспективæ бæлвырд бавдыста æмæ Гуырдзыстоны политикон тыхтæ ацы историон фадатæй хъуамæ спайда кæной Евроцæдисы фæндагыл размæцыдæн.
«Европаг Совет Гуырдзыстоны рухс европаг перспективæ куы сбæлвырд кодта, уый фæстæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады фыццаг советæн сæрдриуæг кодтон. Гуырдзыстоны политикон тыхтæ хъуамæ спайда кæной ацы историон фадатæй Евроцæдисы фæндагыл размæцыдæн. Евроцæдис цæттæ у ацы фæндагыл уæ фарсмæ уа!» – фыссы Жозеп Борел.