Жозеп Борел – Евроцæдисы ауæрæх кæнын та боны фæткы лæууы, ивгъуыд къуырийы Евроцæдисы совет ахицæн кодта, ома Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны фидæн ис Евроцæдисы
Евроцæдисы ауæрæх кæнын фарста боны фææткы лæууы æмæ уый у рæстаг. Ивгъуыд къуырийы Евроцæдисы Совет ахицæн кодта, цæмæй Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны фидæн ис Евроцæдисы – фæнысангонд фæдыл æддагон æмæ æдасдзинады политикæйы фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар, Жозеп Борел ныффыста сæрмагонд блогы.
«Украинайы лидертæ бæлвырд фехъусын кодтой, ома æфсæддон æххуысимæ иумæ Уæрæсейы агрессийæ хибахизынæн Евроцæдис ыкандидаты статусы райст у сæ приоритет. Ахæм уынаффæ уынæм Молдовæйы хицауадæй дæр. Æмæ фæстагмæ, уый уынæм Гуырдзыстоны хицауады куырдиаты æмæ дæсгай мин гуырдзиаг демонстранты, кæцытæ рацыдысты Тбилисы уынгтæм евроцæдисы тырысатимæ», – фыссы Борел.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уый зæгъæн ис Ныгуылæн Балканты бæстæтыл фæдыл дæр, кæцытæ сæ уæнгсуæвыны процессæн аргълæвæрд æркуырдтой сгуыхтдзинадмæ æмбæлгæйæ. Жозеп Борел банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстонимæ, Молдовæимæ, Украиаимæ æмæ Ныгуылæн Балканты бæстæтимæ иумæ, ауæрæх кæнын цæуы евроцæдисы интерестæм.
Æддагон æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар банысан кодта, цæмæй гæнæн ауæрæхы фоныл æнæмæнгхъæугæ у æддагон политикæйы æмудддзинады принцип фæивын æмæ уынаффæтæ, уæнг бæстæты хъæлæсты фылдæры хайæ рахæссын.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ногæй хъуамæ æркæсæм уынаффæтæ рахæссыны процессмæ. Азты дæргъы бирæ хатт федтам, уæнг бæстæты хъуыдыæ æддагон политикæмæ гæсгæ куы адих вæййынц. Зæгъæн ис уый нормалон у, хъауджы цæстæнгас нæм куы ис историйы, географийы æмæ стратегион политикон культурæйы уæвæг хъауджыдзинæдтæм гæсгæйæ, фæлæ политикон царды, дискусси куыд райдайы уымæй нысаниуæгджын дæр у куыд фæуд кæны дискусси уый. Евроцæдисы системæ тыхджын кæддæриддæр уыдис уымæй, цæмæй хъауджидзинад фестын кодтаид разыдзинадæй. Ам ахсджиаг у, куыд рахæссынц уынаффæ, æмхъæлæсонæй, æви хъæлæсты фылдæры хайæ. Кæд бæстæтæ зондзысты, цæмæй кæронбæттæн уынаффæ хаст уыдзæн хъæлæсты фылдæры хайæ, уæд сæм бадзырды, альянстæ саразыны æмæ консенссусмæ æрцæуыны фидар стимул уыдзæн», – фыссы Жозеп Борел.