Жозеп Борел – алы  хæст фæуд кæны  æхст фæурæдæй,  бадзырдтæй æмæ æнæмæнгхъæугæ  у, Украина ацы  фазæмæ бацæуа  фидар позицитæй
Жозеп Борел – алы хæст фæуд кæны æхст фæурæдæй, бадзырдтæй æмæ æнæмæнгхъæугæ у, Украина ацы фазæмæ бацæуа фидар позицитæй

Алы  хæст  фæуд кæны  æхст фæурæдæй, бадзырдтæй  æмæ æнæмæнгхъæугæ  у, цæмæй   ацы  фазæмæ Украина  бахæццæ уа  фидар  позицитæй – фæнысангонды фæдыл  æддагон æмæ  æдадсзинады  фарстаты   Евроцæдисы  бæрзонддæр минæвар, Жозеп Борел  Евроцæдисы  официалон  журналæн лæвæрд  интервьюйы райхъусын кодта.

Афтæма  йæ  дзырдæй,   зæгъгæ украинаг  тыхтæн  куыд гæнæн ис  афтæ тагъд хъуамæ  уа лæвæрд  æфсæддон æххуыс.

«Æз нæ теологион хъуыдыты  кой нæ кæнын. Нæ æфсæддон  æххуыс украинаг тыхтæм лæвæрд хъуамæ  уа,  куыд гæнæн ис,   афтæ  тагъд, уымæн æмæ уыдон хæцынц  банкоматтæй  нæ  фæлæ  сармадзантæй,   кæцы  сын дæтты фадат,  йæ   ныхмæ  слæууын   Уæрæсейы агрессийæн.   Иурæстæгонæй, алы  хæст фæуд кæны  æхст фæурæдæй,   бадзырдтæй  æмæ æнæмæнгхъæугæ у  ацы  фазæмæ Украина бахæццæ уа  фидар позицитæй, цæмæй  Уæрæсейæн йæ бон ма бауа  уыцы  территориты оккупаци  скæнын, кæцытæ  24  февралы  фæстæ  бацахста æмæ  сæ оккупаци  скодта», – райхъусын кодта  Борел.

Уыимæ, Францы президент Эммануэл Макроны фидиуæныл комментарийы  рæстæджы, ома  нæй гæнæн  Уæрæсе фæныллæ кæнын, Борел банысан кодта, цæмæй аы  позици  ææвдисы, Францы  лидеры  позици нæ фæлæ, уæвæг реалондзинад. Йæ дзырдæй,  зæгъгæ Уæрæсе  сабырадон бадзырдты фæстæдæр æмæ  æнæмæнгхъæугæ уыдзæн уыцы  фæндаг сбæрæг кæнын, кæцыйæ  Европæ  план кæны йемæ æмцард дарддæр кæнын.

«Ацы æмцард  тынг вазыгджын  уыдзæн   Уæрæсе Украинайы  цытæ  ракодта,  уый  æппæты  фæстæ. Бабырст, агресси, Украинайы  пырх кæнын – ай æппæт  алы изæр телеэкрантæй  уынæм  æмæ мæхи цæстæй дæр федтон  бынатыл.  Фæлæ   мах уæддæр  хуъамæ бацархайæм  ацы  континентыл  Уæрæсейимæ цæрын», – рахйъусын кодта Борел.

Бакой уын кæндзыстæм, Францы  президент  Эмануэл Макрон  францаг  медиимæ  интервьюйы  райхъусын кодта, цæмæй  Уæрæсейы лидеры  æргомæй  æгад кæнын æрмæст  æрыхгæндзæни фидæны  дипломатон фæндæгтæ.